Æвæццæгæн, нæ горæты цæрджытæ ацы сæрнизæй никуы суæгъд уыдзысты. Æхсæнадон транспорт. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та – маршрутон такситæ. Ацы хатт дзырддаг сис сæ кæройнаг æрлæууæн бынæтты уавæр. Хъазт кæнынц шофыртæ сæхæдæг дæр. Зæгъгæ дам дзы адæймаг кæм арбада, æмæ кæм баулæфа, уый дæр нæй. Горæты администарци дæр сабухы.Уыдонæн та шофыртæ æнæзакъон æрлæууæн бынæттæ кæм сæ фæнды, уым кæй аразынц, уый сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Фæлæ фарста аиуварс кæныныл тагъд ничи кæны. Нæ уацхæсджытæ та йыл бакуыстой. Цы дзы рауад, уымæ бакæсут.
Дзæуджыхъæуы маршрутон такситы кæройнаг æрлæууæн бынæттæн сæ иуæй иннæ диссагдæр. Хæдтулгæтæ иу ран кæй сæмбырд вæйййынц, уый тыхсын кæны маршрутон такситы шофырты, цæрджыты, хицауады уæнгты æмæ фæндаггон змæлды иннæ архайджыты дæр. Фарста тынг ахсджиаг у, уымæй уæлдай – ма ацы уавæры тыххæй арæх фæдзурынц. Маршрутон такситы шофыртæ домынц, цæмæй сын лæууæн бынатæн иу зæххы гæбаз радтой. Фæлæ сын уыцы зæхх чи хъуамæ радта? Шофыртæн боны дæргъы баулæфынæн ис æрмæст 40 минуты бæрц. Фæлæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй, ахæм уавæрты фæллад суадзын тынг зын у. Дзæуджыхъæуы иунæг кæройнаг лæууæн бынаты дæр удæнцойдзинадæн хуымæтæг уавæртæ дæр нæй. Шофыртæ сæрдыгон æнтæфæй сæхи æрмæст бæлæсты сатæджы æмбæхсынц. Зымæгон уазæлтты та цæмæй ма ныссæлой, уый тыххæй сæ бахъæуы сæ хæдтулгæты бадын. Нæ сусæг кæнынц, æмбæлгæ уавæртæ сын кæй нæй, уый. Боны дæргъы нæ горæты фæндæгтыл кусынц 40 маршрутон таксийы. Кæройнаг лæууæн бынæтты ма вæййынц15-20 шофыры. Уыдонæй алчидæр цыдæр хуымæгдзинæдтæй цух æййафы.
Шофыртæ иу æмæ дыууæ хатты нæ хъаст кодтой, фæлæ сæм афтæ кæсы, æмæ сæ ничи хъусы. Горæты администрацийы дæр дзуапп дæттынмæ тагъд нæ кæнынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй, маршруткæты кæройнаг лæууæн бынæттæн зæххытæ радих кæнын, уый иунæг закъоны дæр фыст нæу. Сæ алыварс маршрутон такситæ, мæлдзгуыты губаччы хуызæн кæй æрæмбырд вæййынц, æмæ æнæмбæлгæ рæтты кæй лæууынц, уый дæр сæм раст нæ кæсы. Цæмæй фарста алыг уа, уый тыххæй, уавæрмæ, фыццаджыдæр, маршруткæты хицæуттæ сæхæдæг хъуамæ æркæсой.
Роберт Фидараты, Дзæуджыхъæуы администрацийы транспорты æмæ фæндаггон арæзтады хайады хицау: «Кæцыдæр маршруттæ ныртæккæ сты хи исбоны. Ома, бадзырдмæ гæсгæ фидынц æмæ афтæмæй кусынц. Закъонмæ гæсгæ, куыстдæттæг йæ кусæгæн хъуамæ сараза æмбæлгæ уавæртæ. Куыд нын фехъусын кодтой, афтæмæй сын зæххытæ фаг нæй. Кæцæй сын сæ хъуамæ радтой, уый дæр ничи зоны. Куы уаиккой, уæддæр сæ пайда кæнæн уыдаид æрмæстдæр кæй бæрны сты, уыдоны домæнтæм гæсгæ. Ома, фæткæвæрд дæр дзы нæй. Уый хъуамæ куыстуæттæ кæной, сæ кусджытæн фадаттæ аразой».
Администрацийы кусджытæ ма зæгъынц, ахæм уавæр сæвзæрд, маршрутон такситæ æгæр бирæ кæй систы, уый тыххæй. Ома, транспортон куыстуаты гæххæттытæм гæсгæ се ппæт регистрацигонд не сты. Фæлæ сæ куы сбæрæг кæнай, уæд дыууæ хатты фылдæр сты. Афтæмæй фæтк халынц. ведомствæты разамонджытæ хицауадæй курынц, цæмæй ацы хъуыддагмæ уæлдай хъус æрдарой. Уымæн æмæ куыд сæ кусджыты пайдайæн хъуамæ архайой, афтæ бæлцæтты æнцойдзинадыл дæр.
Гогаты Марат
















