Аивады дæсныты 24-æм æппæтадæмон фестиваль “Мир Кавказу” йæ тæмæны бацыд. Гергиты Валерийы номыл колледжы нæ музыканттæн сарæзтой 4 дæсныйадæвдисæн ахуыры. Паддзахадон академион уырыссаг адæмон ансамбль “Россия” сын йæ фæлтæрддзинадæй фæхай кодта. Радзырдтой се ‘сфæлдыстадон архайды тыххæй æмæ æппæт фæрстытæн дæр дзуаппытæ радтой.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Белорусси, Хуссар Ирыстон, Мæхъæл, Цæцæн æмæ суанг Цæгат Македонийы минæвæрттæ. Мадзал у традицион. Азæй азмæ æххуыс кæны алы региоты цæрджыты баиу кæнын. Мадзалы кæронбæттæны уыдзæн гала-концерт.
















