Республикæйы цæрджыты риссаг фарстатæм æркаст Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков дæр. Радон хатт байхъуыста адæмы курдиæттæм. Адæмимæ Михаил Скоков ныхас кодта, министрады дæлхайæдты разамонджытимæ. Бабар сын кодта сæ фарстатæм бæстонæй æркæсын. Æдæппæтæй сæ курдиаттимæ министрмæ æрбацыдысты 40 адæймагæй фылдæр. Сæ сæйрагдæртæ – цæрджыты æууæнк пъæлицæмæ, стæй адæмы хъуыддæгтæм куыдфæндыйы цæстæй кæсыны цаутæ. Суанг ма дзы, Мидхъуыддæгты министрадмæ бар чи нæ дары, ахæмтæ дæр разынд. Уыдонæн-иу Михаил Скоков закъоны домæнтæ йæхæдæг бацамыдта. Зæгъгæм, пенсиисæг Сергей Элбонян ракуырдта, цæмæй йын йæ фырты ном сæнусон кæной. Уыд мидхъуыддæгты министрады хайады кусæг, службæ æххæстгæнгæйæ фæмард фæндаггон фыдбылызы. Михаил Скоков ын бамбарын кодта, уагæвæрд хынцгæйæ, кусджыты нæмттæ мемориалон фæйнæгтæм бахæссыны бар кæй нæй, уый. Курдиаттæй уæлдай ма Михаил Скоковæн бузныджы ныхæстæ ракæнынмæ чи æрбацыд, ахæмтæ дæр уыд.
Цæгат Ирыстоны сабырдзинадыл зæрдæйæ кæй ауды, уый тыххæй. Уæдæ сæ министр йæхæдæг дæр æнæ арфæйы ныхасæй нæ ныууагъта. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм фембæлдытæ мидхъуыддæгты министрады дарддæр дæр араздзысты.
















