Цыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл абон ИС радон æмбырд. Сарæзтой йæ гом хуызы. Ацы хат фарстой æвдисæнты. Се `хсæн – азымджын кæй кæнынц, уыдоны æмкусджытæ дæр.
Фарстой сæ Цъыккаты Владимир пъæлицайы хайады куы уыдис, уæд уыдон цы куыстой æмæ сæхи цæстытæй цы федтой, уый тыххæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ дзуæппытæ сæ фылдæрæн уыдысты иу хуызон: “Нæ зонын, кæнæ нал хъуыды кæнын.” Уыимæ ма, кæцыдæр æвдисæнтæ, сæ развæлгъау ныхæстимæ абаргæйæ, ныр дзуапп радтой æндæр хуызы. Уый тыххæй прокурор тæрхонгæнæгмæ бахаста хъуыддагмæ лæмбынæг æркæсыны æмæ уавæр сраст кæныны курдиат.
Бафтаудзыстæм ма уый æмæ æмбырдтытæ фидаргонд цæуынц фæткмæ гæсгæ. Уый размæ æмбырды фарстой Цъыккаты Владимиры идæдзы æмæ йæ хойы. Ныр та – æвдисæнты. Иннæ æмбырды та дзуапп дæттдзысты аххосджын кæй кæнынц, уыдон сæхæдæг.















