Уæлмонц æнкъарæнтæ, уарзондзинад æмæ удæнцойдзинад хаста, уыцы изæр. Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны кæронмæ æрхæццæ фыццаг чырыстон фестиваль “Свеча”. Сфæлдыстадон коллективтæ акодтой дины зарджытæ, мадзал дисы ‘фтыдта йæ парахатдзинад æмæ цæттæдзинадæй. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Денджызы æмвæзады сæрмæ 1300 метры бæрзæндыл ирд концерт. Ардыгæй æрдз цымæ бынтон æндæр хуызæн у, афтæ – ноджы рæсугъддæр. Фæззыгон изæр, рæсугъд музыкæ æмæ зарджытæ æрбангом кодтой дæсгай уырноны. Се ‘ппæты дæр хъарм кæны монон тых. Тодо Элез фестивалы архайдта фыццаг хатт. Куыд радзырдта, афтæмæй Ирыстон æмæ Сербийы æрдз сты æнгæс. Нæлгоймаг ныридæгæн цæры Мæскуыйы. Ам, нæ республикæйы, бæрзонд къæдзæхты ‘хсæн йæхи æнкъары куыд йæ райгуырæн бæстæйы, афтæ.
Ирыстон у мæ Фыдыбæстæйы хуызæн. Ис дзы хæхтæ, кæмттæ, цæугæдæттæ. Цæрын Мæскуыйы, уым кусын, фыссын зарджытæ, мæхæдæг сæ зарын. Фылдæр сты Уæрæсейы тыххæй. Ахæм зарджытæ мæм ис, æвæццæгæн 40-мæ ‘ввахс.
Артисттæ иу иннæйы фæдыл ивынц. Музыкалон программæ рауад хъæздыг æмæ цымыдисаг. Бацæттæ кодтой алыхуызон музыкалон уацмыстæ, зарджытæ. Сты иудзинад, уырнынад æмæ уарзондзинады тыххæй. Сфæлдыстадон къордтæ – бæстæйы алы горæттæй, уыимæ Хуссар Ирыстон, Белорусси æмæ Сербийæ. Уазджытæ артисттимæ зарынц, кафынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы семæ къамтæ исынц. Фестиваль снысан кодтой Мады Майрæмы райгуырды бæрæгбонмæ. Ацы бон чырыстон диныл хæст адæм кувынц, дзурынц уыцы цауты æмæ сæ ахсджиагдзинады тыххæй.
Фæндит мæ, цæмæй ахæм мадзæлттæ арæхдæр арæзт цæуой, цæмæй нæ бон уа Хуыцау, Мады Майрæмы номыл зарын. Абон стыр бæрæгбон у æмæ нын æххуысгæнæг уæд.
Адæм фæзуатæй ацæуын нæ тагъд кодтой. Изæрыгон, хæхтæ афтæ хорз куы нал зындысты, уæд уазджытæм æнхъæлмæ каст цырæгътимæ равдыст. Егъау проекторты руаджы къæдзæхтыл фæзындысты библийы фæдзæхстытæ. Уыцы рæстæг артисттæ дарддæр лæвар кодтой уазджытæн сæ курдиат.
Уырнынад æнгом кæны алы горæттæ æмæ суанг дунейы адæмы. Куывтой æмæ куырдтой æрмæст хорздзинæдтæ, амонд. Чырыстон дины зарджыты фестиваль “Цырагъ” бацæттæ кодтой фыццаг хатт. Æмæ Цæгат Ирыстон хуымæтæджы нæ равзæрстой.
Ацы бынат раст цымæ дзæнæты хуызæн у, афтæ. Уæрæсейы бæрзонддæр бынатыл ис моладзандон. Аланты зæххыл хъахъхъæд цыд чырыстон дин æнусты, уæ культурæ æмæ æгъдæуттæ рахастат абоны бонмæ. Стут ныфсхаст адæм, моладзандоны уыдыстæм, дисы нæ бафтыдта адæм дзы сæхи куыд дарынц, уый.
Фестиваль адæмы дисы бафтыдта. Ныр æй мадзаларазджытæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын, уыимæ йæ ноджы парахатдæр кæнын.
















