Нæ республикæйы цæрджыты бон ныр уыдзæн дыууæсæдæ æмæ дыууæ мин сомы купюрæтæй пайда кæнын. Национ банчы хайад сæ райдыдта филиалтыл уарын. Ног æхца райсæн уыдзæн банкоматты дæр. Уый тыххæй сæ специалисттæ рацараздзысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн бирæ рæстæг нæ бахъæудзæн. Ног æхцатыл ис алыхуызон хъахъхъæнæн нысæнттæ. Конд сты хæрзхъæд гæххæттæй. Дыууæ мин сомы купюрæйыл сныв кодтой сыгъзæрин тымбылæг æмæ хиды ныв. Уымæй уæлдай ма йыл ис голограммæйæ конд сомы ныв. Цæстæй æвзæр чи уыны, уыдонæн дæр ацы `хцайæ пайда кæнын æнцондæр уыдзæн – уырзæй асгаргæйæ дæр хицæн кæндзысты.
Куыд мæм кæсы, афтæмæй ныр адæмæн алыхуызон лæггæдтæн фидын æнцондæр уыдзæн. Ацы купюрæты фæзындимæ хца адæмы чыссæйы къаддæр бынат ахсдзысты, сæ бæрц та уыдзæн куыд уыд, афтæ. Уый мах куыст кæны рогдæр æмæ тагъддæр.
















