Абон ма Дзанайты Барис амыдта Хицауады æмбырд. Министрты кабинет сфидар кодта “Æнæниздзинады бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæныны медицинон реабилитацийы” регионалон программæ. Йæ сæйраг хæс у цæрджыты царды æмгъуыд фæфылдæр кæнын. Фæнд кæнынц æнæниздзинадхъахъхъæнынады кусæндæттæ ног техникон фæрæзтæй баххæст кæнын. Уыимæ Рахизфарсы районы исбонадмæ лæвæрд æрцыд асфальтогранулятор. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц мемориалон комплекс “Зæдты сахар”-ы. Цы техникæ райстой, уымæй пайда кæндзысты æндæр куыстыты рæстæг дæр.
















