Паддзахадон лæггæдты порталы уæлæфтуан «Госуслуги Авто»-йы фæзынд ног хай «Европротокол онлайн», зæгъгæ. Йе ‘ххуысæй, фæндаггон фыдбылызы чи бахауд, уыдонæн ис сæвзæрд уавæр æнцондæрæй срегистраци кæнæн.
Ныр шофырæн йæ бон у фæндаггон фыдбылызы тыххæй гæххæттытæ æнæ пъæлицæйæгтæй баххæст кæнын, онлайн хуызы. Афтæмæй хъуыддагыл бахардз уыдзæн 2 хатты къаддæр рæстæг. Фæдзæхстадон компанимæ цæуын дæр нæ бахъæудзæн. Сæрмагонд хъусынгæнинаг æрбацæудзæн онлайн хуызы. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Паддзахадон лæггæдты порталы хъæугæ информаци фæзындзæн автоматикон æгъдауæй. Афтæмæй дзы не ‘рцæудзæн рæдыд.
Цæмæй фæндаггон фыдбылыз ахæм хуызы регистрагонд æрцæуа, уый тыххæй дыууæ архайæджы дæр хъуамæ уой Паддзахадон лæггæдты порталы пайдагæнджытæ. Фæндаггон фыдбылызы хуызистытæ скæнын сын куы бантыса, æмæ сæм кæрæдзимæ фиппаинæгтæ куы нæ уа, уæд фæдзæхстадон компанийы компенсаци уыдзæн 400 мин сомы онг.
















