preloader
сейчас в эфире
07:46
ВЕРШИНЫ НЕ СПЯТ 12+
Смотрите Далее
09:10
БИЗНЕС СФЕРА 12+
09:45
ПОСЫЛКА СОЛДАТУ 12+
10:35
БАРЫШНЯ-КРЕСТЬЯНКА 16+
12:40
ПОЗИТИВЧИКИ 12+
13:00
МЕДИКУМ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВЕРШИНЫ НЕ СПЯТ 12+
close

Парти “Иугонд Уæрæсе”-йы минæвæрттæ Алагиры сарæзтой объектты мониторинг

22.09.2023 13:44

Ныхас цыд скъолаты алфамбылай фæзуæттæ саив кæныныл, медицинон уагдæтты рацарæзт æмæ арæзтадыл, дохтыртæ кæй нæ фаг кæны, ууыл. Æрдзырдтой ма экологийы фарстатыл, цæугæдæтты былгæрæттæ ссыгъдæг кæныныл, электорэнергийы тарифтыл.

Ацы æрдæгарæзт бæстыхай Хъалайы-фырты номыл уынджы “фидауц” у дæсгай азты дæргъы. Арæзтад баурæдтой 90-æм азты. Ам хъуамæ уыдаид бирæфатерон хæдзар, æртæ уæладзыджы дæр дзы самадтой, фæлæ абон уыдонæй, зæгъæн ис, æмæ ницыуал баззад. Объект бабæрæг кодтой Уæрæсейы Федерацийы сенатор Виталий Назаренко, парти “Иугонд Уæрæсе”-йы минæвæрттæ æмæ Парламенты депутаттæ.

Скъола-интернаты корпус ахуыры азы райдайæны цалцæджы фæстæ йæ дуæрттæ сывæллæттæн байгом кодта. Ам ис 13 ифтонггонд къласы. Химийы кабинеты лабораторон фæлварæнтæн алцыдæр сæвæрдтой. Дондзæуæн хæтæлтæ дæр иууылдæр — нывыл. Фæци спортивон залы цалцæг. Сабитæ хъарм хæринаг хæрынц фæткмæ гæсгæ. Хуыссæн корпусы хæрæндоны ис 150 бадæн бынаты. Ам хæрынц райдайæн æмæ астæуккаг кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Хæрæндоны кусы 6 адæймаджы. Æппæт дзауматæ дзы ног: параконвектомат, агтæ, пецтæ, мигæнæнтæ æхсæн машинæ. Дизайныл куыстой скъола-интернаты разамынды уæнгтæ.

Фæскомцæдисы уынджы цы амбулатори ис, уый у 2005-æм азы арæзт. Ам кусы 5 адæймаджы: дохтыр-терапевт, педиатр, 2 медицинон хойы æмæ санитаркæ. Сменæмæ сæ бон у 25 пациентæн балæггад кæнын. Æдæппæтæй амбулатори æххæссы 2 мин цæрæгыл. Бæстыхай базалинаг у, стæй дзы афтек дæр нæй.

Йæ уавæр сæ хуыздæртæй нæу 3-æм скъоламæ хæстæг цы спортивонфæз ис, уымæн дæр. Гæрæнтæ саст, сæрмагонд уæлцъар нал бæззы, алы ран — бырон. Афтæмæй ардæм æгас районæй цæуынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæртæ дæр. Фæскомцæдисы уынджы скверæй та æвзæрæй ницы зæгъдзынæ. Фæзуат у аив, ис дзы хъеллаугæнæнтæ, бандæттæ, бауагътой йæм рухс.

Мониторингæн хатдзæгтæ скодтой Алагиры районы администрацийы минæвæрттимæ кусæг æмбырды рæстæг. Ныхас цыд скъолаты алфамбылай фæзуæттæ саив кæныныл, медицинон уагдæтты рацарæзт æмæ арæзтадыл, дохтыртæ кæй нæ фаг кæны, ууыл. Æрдзырдтой ма экологийы фарстатыл, цæугæдæтты былгæрæттæ ссыгъдæг кæныныл, электорэнергийы тарифтыл. Æппæт фиппаинæгтæм уыдзæн цæстдард. Мониторингтæ сты æрвылмæйон æмæ пайда кæй хæсссынц, уый ныридæгæн рабæрæг.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзамболат Дулаев | Светлые люди
26.09.2026
В своем кругу I 26.09.2026
26.09.2026
Бинонтæ I Хадыхъаты Франц æмæ Тинӕ
26.09.2026
Демографийы фарстатæ æмæ организаци «Боевое братство»-йы архайд | Йæ рæстæгыл
25.09.2026
25.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
25.09.2026
24.09.2026 I Тактика
24.09.2026
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
Итоги туристического летнего сезона, сборная России по вольной борьбе на сборах во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Все рекомендуемое