preloader
сейчас в эфире
19:33
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
Смотрите Далее
20:30
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. ЛИКА ЕЛИЗАРОВА 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
БИЗНЕС СФЕРА 12+
22:05
ЦВЕТ ЛИПЫ (3,4-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
close

Партийы конференци

7.12.2017 23:40

Ацыд Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы залы

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстойнаг хайад сарæзта абон йе ’рвылазон конференци. Ацыд Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы залы. Партийы делегаттæй уæлдай ма дзы архайдтой республикæйы, горæт æмæ районты хицауады минæвæрттæ. Боны фæткы сæйраг фарста уыд, партийы æппæтуæрæсеон 17-æм æмбырдмæ Ирыстойнаг хайадæй минæвæрттæ равзарын. Сбæрæг кодтой æртæ кандидаты: Бутаты Заремæ, Дулаты Маринæ æмæ Хъайтмазты Мурат. Уыдон уыдзысты нæ республикæйы минæвæрттæ 22-23 декабры Мæскуыйы. Æппæтуæрæсеон æмбырды æрдзурдзысты, цавæр нысæнттæ æвæры парти ног азы йæ размæ æмæ цавæр ивддзинæдтæ æрцæудзæн йæ разамонджыты рæнхъыты. Конференцийы ма ’рдзырдтой æндæр фарстатыл дæр. Партийы уставмæ гæсгæ равзæрстой регионалон политсоветы æртæ ног уæнджы – Гугиты Геннадий, Тыбылты Анатолий, Остъаты Георгий æмæ Церекаты Таймуразы. Регионалон контролон къамисы номхыгъд дæр ивд æрцыд. Нæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем загъта æмбырды архайджытæн арфæйы ныхæстæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй. «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур та радзырдта ног æвзæрст депутаттæ, партийы уæнгтæ – сæ куыст куыд æххæст кæнынц, цы бантыст партийы регионалон хайадæн афæдзмæ æмæ цавæр хæстæ æвæры йæ размæ, уый тыххæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
10.09.2026 I Ирон чат.Æгайт ма!
10.09.2026
10.09.2026 I Дæ райсом хорз Ирыстон
10.09.2026
Проверено полем I Точка отсчета
9.09.2026
Плиты Зæлинæ I Æрмадз
9.09.2026
09.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
9.09.2026
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Все рекомендуемое