preloader
сейчас в эфире
12:55
ПОРОГИ (5-АЯ СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
Дзæнгæрæг 12+
14:00
Без тормозов 12+
14:25
Правила жизни Роальда Каупуша 12+
15:10
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ПОРОГИ (5-АЯ СЕРИЯ) 12+
close

“Помогаем СВОим”. Республикæйы районты кусынц мобилон бригадтæ

7.11.2025 14:08

Гуцаты хæдзары мобилон бригад “Помогаем СВОим”-ы специалисттæ раст цыма уазджытæ дæр не сты, афтæ. Бинонтæн æххуыс кæнынц документтæ æмбырд кæнын,…

Гуцаты хæдзары мобилон бригад “Помогаем СВОим”-ы специалисттæ раст цыма уазджытæ дæр не сты, афтæ. Бинонтæн æххуыс кæнынц документтæ æмбырд кæнын, информаци базонын, юридикон хъуыддæгты æмæ сæйрагдæр — психологон æгъдауæй. Уый ныртæккæ сæйрагдæр у. Дыууæ фырты сæ фæхъуыд. Тохмæ бархийæ ацыдысты. Фыццаг — кæстæр Аслан, мæйы фæстæ сын йемæ бастдзинад нал уыд. Бинонтæн загътой — æвæд сæфт фæкодта.

Асланы æбæрæгæй сæфтыл банымайыныл йæ хистæр æфсымæр Олег разы нæ уыд. Контракт бафыста æмæ ацыд фронтмæ. Азы ‘рдæджы фæстæ рабæрæг — Аслан фæмард. Олег сæхимæ æрыздæхт цалдæр бонмæ, зианы рæстæг. Уæдмæ йæхæдæг дæр уæззау цæф уыд, буар та нæмыджы схъистæй дзаг. Мардæвæрæны кæндты фæстæ хистæр Олег йæхæдæг дæр нал райхъал. Йæ зæрдæ мастæй бамынæг, зæгъы хо Иринæ.

Дзотцоты Дилярæйæ дæр фронтмæ дыууæ фырты ацыд. Сæ иу нырма дæр уым ис. Райгуырæн бæсты сæраппон сæрмагонд операцийы фыццаг бонты æрлæууыд. Фæлæ кæстæр Сергей нал æрыздæхт. Афæдзы ‘рдæджы фæстæ фæмард. Йæ лæппу нал ис, уый мады абон дæр нæ уырны. Рыст та уыцы уæззау хабар фехъусыны бонæй абонмæ иучысыл дæр нæ фæмынæг.

Æппынæдзух иу радзырдта. Фыста, тас нæу, зæгъгæ. Фæлæ иу бон æрбатары. Сергейыл цыди æрмæст 31 аз. Хæстонæн баззад гыццыл чызг. Саби уындæй æмæ зондахастæй дæр — йæ фыды халдих. Бинонтæн дарддæр цæрынæн тыхтæ æрмæст уый дæтты.

Мобилон бригад æмæ фонд “Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ” алывæрсыг æххуыс кæнынц бинонтæн. Координатортæ æппынæдзух сты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты фарсмæ дæр. Гобеты Гиуæрги тохы раззаг бынатæй æрæджы æрыздæхт. Ацыд 2023 азы, уыд фыццаг размæбырсæг бригады æртыккаг взводы командир. Фæстæдæр дронты операторыл сахуыр кодта. Йæ контракты æмгъуыд куы фæцис, уæд ног бафыста æмæ нæхи батальон “Алани”-йы балæууыд.

цы куыст Гиуæрги ныр дæр нæ уадзы. Фонд “Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ”-йы руаджы ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны ахуырады кусджыты дæсныйад уæлдæргæнæн институты. Фæнды йæ педагог суæвын, скъоладзаутæн амонын дронтæ скъæрын æмæ аразын. Ныртæккæ ацы здæхт парахат у. Йæхи хæдзары æнæпилотон лаборатори дæр сарæзта Гиуæрги.

“Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты” фонд æфсæддоны бинонты фарсмæ уайтагъд æрбалæууыд. Гиуæрги тохы бынаты куы уыд, уæд дæр координатор Иринæйæн æппынæдзух уыд бастдзинад йæ бинойнагимæ. Æххуыс йын кодта алы фарстайы дæр.

Цыфæнды фыстæг æмæ хабар дæр райгуырæн хæдзарæй зæрдæйæн æхцон у. Ныфс дæттынц, фæстæмæ æмæ удæгасæй æрыздæхыны тых. Ныртæккæ фонд æрмæст Дыгуры районы æххуыс кæны 70 бинонтæн. Мобилон бригадтæ фæзындысты сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.

Мобилон бригад “Помогаем СВОим”-ы командæйы — цæрджыты социалон лæггæдты комплексон центры кусджытæ. Æппæт специалисттæ дæр алы фарстайыл кусынц бынатмæ ацæугæй.

 

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Здоровая красота I Доброе утро, Осетия!
21.08.2026
20.08.2026 I Кадры
20.08.2026
20.08.2026 I Тактика
20.08.2026
Студенческие спортивные клубы, цветение амброзии и актуальные новости недели I Самое время
20.08.2026
20.08.2026 I Ирон чат
20.08.2026
20.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
20.08.2026
Георгий Гогичаев I Истории из жизни
19.08.2026
19.08.2026 I Дело мастера
19.08.2026
Среда влияния I 19.08.2026
19.08.2026
Юрий Качмазов I Защитники
19.08.2026
Доброе утро, Осетия! I День фотографии
19.08.2026
Что изменится в школах в новом учебном году? | Разбор полетов
18.08.2026
Æвзæрстытæм цæттæдзинад æмæ хойраджы равдыст I Йæ рæстагыл
18.08.2026
Фӕрдгуытӕ I 17.08.2026
17.08.2026
17.08.2026 | Самое время
17.08.2026
Все рекомендуемое