Премьер Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды ныхас цыд национ проект “Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг алфамбылай” æххæст кæныныл. Ацы аз Цæгат Ирыстоны хъуамæ базилой 40 æхсæнадон фæзуатмæ. Премьер фæбæрæг кодта, мадзал районты райрæзтыл иттæг хорз кæй ахады. Уымæй уæлдай, равдыстой æппæтуæрæсеон æркаст “Чысыл горæттæ æмæ историон бынæттæ”-йы уæлахиздзауты дизайн-проекттæ. Алагиры фæзындзæн объект “Хурджын дæлвæз”. Уыдзæн дзы бæлæгъ æмæ катамараныл тезгъо кæнынæн цадтæ, спортивон æмæ сывæллæтты фæзтæ. Беслæны та саив кæндзысты Культурæйы галуаны кæрт.
Цæрджыты фæндмæ гæсгæ ма иу мемориал фæзындзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн цыртдзæвæны цур. Территорийыл сараздзысты дзы сæрдыгон амфитеатр, литературон уазæгуат, хъазæн фæз дæр. Мæздæджы Уæлахизы парчы та ноджыдæр иу улæфæн зонæ сараздзысты.
















