Къостайæн йæ сабибонты хуыздæр æрдхорд чи уыди æмæ Василий Смирнов Къостайæн куыд баххуыс кодта? Уыкы æмæ ма æндæр фарстытæн дзуаппытæ фæдæттынц зонадон конкурс-олимпиадæ Къостайы фæндæгты” архайджытæ. Нæ республикæйы ахæм телевизион конкурс арæзт æрцыд фыццаг хатт. Сæ зонындзинæдтæ бафæлварынмæ ерыстæм æрмбамбырд сты Дзæуджыхъæуы æмæ нæ республикæйы 7 районы минæвæрттæ. лчидæр дзы тырны уæлахизмæ. Алкæй дæр дзы фæнды Къостайы сфæлдыстад æмæ цардвæндаджы хабæрттæ бæстондæрæй базонын. Конкурс арæзт у цалдæр къæпхæнæй. Иу турæй иннæмæ цæуынц, сæ зонындзинæдтæ хуыздæр кæмæн сты, уыдон. Кæд хъазты фыццаг хайы 32 адæймаджы архайдта, уæд кæронбæттæнмæ рацæудзысты æрмæстдæр æртæйæ, æмæ уыдонæй равзардзысты æппæтæй тыхджындæры. Конурсæн ис сæрмагонд домæнтæ, æмæ семæ скъоладзауты базонгæкодтой развæлгъау. Цымыдисаг сты хæслæвæрдтæ дæр: ам ис Нарты фæткъуы, хæслæвæрд “базон æмдзæвгæ”, сæрмагонд хайы базонын фæхъæуы дзуаппытæ видеофасртытæм æмæ æндæртæ .
Скъоладзаутæн конкурсмæ сæхи бацæттæ кæнынæн стыр æххуыс бакодтой сæ ахуыргæнджытæ дæр. Алкæй зæрдæ дæр дзы æхсайы, сæхи куыд равдисдзысты, уымæ.
Конкурсы архайджыты зонындзинæдтæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ, уыдон сты, Къостайы цард æмæ сфæлдыстад чи иртасы, ахæм специалисттæ æмæ ахуыргондтæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй иу хъазтæй иннæмæ сæвæллæтты зонындзинæдтæ уæрæхдæр æмæ арфдæр кæнынц. Зæгъæн ис, æмæ Къостайы сæхицæн ног хуызы райгом кодтой.
Телеуынынады кусджытæ æбæрстой: конкурс саразынæн бахъæудзæн бирæ тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ. Фæлæ йæ разамонджытæ иу уысм дæр дызæрдыг нæ кодтой æмæ скарстой: хъуамæ конкурс арæзт æрцæуа!
Хъазтæн абон фæци йе ‘ртыццаг хай. Сбæрæг сты æрдæгкæронбæттæн хаймæ чи рацыди, уыдоны нæмттæ. Сты 6 : Дзыгасты Дианæ, Ахъиты Авраам, Тебиаты Виктория, Кокуаты Кристина, Хамыхъоты Алан æмæ Михайловæ Тæирæ. Финалы архайджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг хæслæвæрдтæ. Уæвгæ, уæлахиздзауы лæвар уый аккаг у, Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрады æххуысæй тыхджындæр скъоладзауæн ратдзысты путевкæ сывæллæтты æппæтдунеон центр “Артек”-мæ. Призертæн та зæрдылдарæн лæвæрттæ бацæттæ кодта нæ телеуынынад. Фыццаг телевизон зонадон хъазт “Къостайы фæндæгты” уæлахиздзауцтæ сбæрæг уыдзысты 29-æм майы.
Хуасдзауты Алинæ
















