Пушкины номыл скверы абон ацыд сыгъдæгдзинады акци.Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы администрацийы кусджытæ ссыгъдæг кодтой фæзуат хус къæцæлтæ æмæ сыфтæртæй, быронæй, чъырæй сцагътой бæлæстæ. Мадзалы архайдтой тæрхон кæмæн рахастой æмæ ахæстоны чи бады, уыдон дæр.
Æдæппæтæй сыгъдæгдзинады акцийы зиугæнджытæ уыдысты 30 адæймаджы. Ныр Пушкины номыл сквер у сыгъдæгдæр æмæ авидæр. Мадзал бабастой Паддзахадон тырысайы бонимæ.
















