Нæ республикæйы дарддæр кусы амалхъом адæймæгтæн æххуыс кæныны программæ. Фæйнæ дыууæсæдæ фæндзай мины сомы уал райстой чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады куыстуæттæ. Æхца сын раттыны уынаффæ абон рахаста грантытæ нысангæнæг къамис.
Субсидитæ дæтдзысты, афæдзæй фылдæр чи кусы, стæй хæстæ чи нæ дары, уыдонæн. Схардз кæнæн сæ уыдзæни арæзтадыл, ног кусæнгæрзтæ æмæ хъæугæ æрмæджытæ балхæныныл. Куыстуæтты разамонджытæн æхцатæй сæ бон бафидын уыдзæн, хаццоны цы бæстыхæйттæ растой, уыдонæн. Гранттæ арæхдæр рамбулынц, ахсджиаг социалон куыстгæнæг компанитæ. Хауынц сæм, адæмон æрмгуыстгæнджытæ, хъæууон хæдзарады æмæ хæххон бæстыхæйтты фæллойгæнджытæ. Федералон программæйы ацы аз архайдтой дыууын дыууæ адæймаджы. Уыдонæй субсидитæ рамбылдтой дыууадæсæй. Се `хца сын ратдзысты декабры кæрон. Программæйы бюджет у æртæ милуан сомы.
















