Дзæуджыхъæуы цæрджытæн лæггад кæны регионалон оператор «Эра». Фыццæгæм майæ фæстæмæ ма йæ бæрны бакодта горæты Промышленнон район. Куыстуат кæд æнтыстджынæй архайы, уæддæр цавæрдæр къуылымпыдзинæдтæ ййафы.
Зортовы номыл уынджы хауæццæгтæ æмбырдгæнæн контейнер сæрмагонд службæйы кусджытæ боны дæргъы ссыгъдæг кæнынц цалдæр хатты. Пайда дзы кæнынц, сæрмагонд службæимæ бадзырд цы хæдзæрттæ бафыстой, уыдоны цæрджытæ.
Цхуырбаты Георгий, ООО «Эра»-йы минæвар:
«Контейнертæ быронæй айдзаг кæнынц, сæрмагондæй сæ бырон хæдтулгæтыл ардæм чи æрбаласы, уыимæ ма дуканиты, сыхаг куыстуатты æмæ хæрæндæтты кусджытæ. Изæры контейнертæ вæййынц дзаг. Афтæмæй та бадзырд цы цæрджытимæ бафыстам, уыдон сæ бырон цы фæкæной, уый нал вæййы. Ацы уавæры фæдыл æййафынц къуылымпыдзинæдтæ».
Регионалон оператор «ЭРА» фыццæгæм майæ фæстæмæ райдыдта лæггад кæнын горæты Промышленнон районæн. Ласынц хъæбæр хауæццæгтæ. Куыстуат сæмбæлд цавæрдæр къуылымпыдзинæдтимæ. Ныртæккæ архайынц сæ аиуварс кæныныл.
Цхуырбаты Георгий, ООО «Эра»-йы минæвар:
«Контейнер-иу аластой æхсæвы 12 сахатыл. Сахаты æмгъуыдмæ та-иу ногæй байдзаг. Юридикон бæрнондзинад кæмæ ис æмæ лæггæдтты тыххæй фидын кæй нæ фæнды, уыдоны хыгъд скæнæм, стæй сæ арвитæм прокуратурæмæ. Уыдон дарддæр семæ кусынц».
Иннæ къуылымпыдзинад та ма, нысангонд бынæттæ контейнертæй цух кæй æййафынц. уый. Сæрмагонд техникæйы бахъæуы фæндагыл æрлæууын, цъæхфæлыстæй бахизæн кæй нæ вæййы, уый тыххæй. Æмæ кусджыты бахъæуы бырон машинæмæ къухæй æвгæнын. Уыимæ ма лæггæдтæ æххæстгæнæг куыстуат сиды цæрджытæм, цæмæй бырондæттæ хъæбæр арæзтадон хауæццæгтæй ма дзаг кæной.
Хестанты Артур, Дзæуджыхъæуы Промышленнон районы администрацийы префектурæйы разамонæг:
«Фæнды мæ адæммæ фæсидын. Ацы горæты цæрынц нæ сывæллæттæ, уыдоны цот. Мах хуъамæ хъуыды кæнæм экологийы уавæрыл, уый фыццаджыдæр. Бырондæттæм та хъуамæ арæзтадон бырон ма хæссой. Контейнертæ заууатмæ æрцæуынц».
Республикæйы алы цæрæгæн хъæуы бадзырд бафыссын регионалон операторимæ. Ныртæккæ тарифмæ гæсгæ иу мæйæн адæймаг фиды 54 сомы æмæ 94 капеччы. Районы центрты æмæ хъæуты та 44 сомы 95 капеччы, стæй 37 сомы æмæ 46 капеччы.
Пелиты Сабинæ















