Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав архайдта Мæскуыйы æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы хицауады аппараты разамонджы хæдивæг Анатолий Кириенко. Дзырдтой уæлдæр ахуырадмæ квотæтæ, Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн радих кæнын тыххæй. Курдиæттæ балæвæрдтой 53 адæймаджы. 29-æй фылдæр се`ргом здахынц ндæр республикæты ахуыргæнæндæттæм. Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы та фæнд кæнынц ахуыр кæнынц- 24-æй. Æмбырды кæронбæттæны Анатолий Кириенко бабар кодта профилон ведомствæтæн ацы фарстайыл бакусын 10-æм августмæ.
Æмбырды ма ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны цы федералон зæххытæ ис, уыдонæй раст пайда кæныны тыххæй. Ныхас цæуы Горæтгæрон, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты цы зæххытæ ис, уыдоныл. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, фæстаг азты Уæрæсейы ахуырады министрады бæрны цы зæххытæ ис, уыдон заууаты кæй сты æмæ дзы ничи кусы, зæгъгæ. Бахаста хъæппæрис, цæмæй саразой селекцион-генетикон центр. Афтæмæй мыггæгтæ уыдзæн уæй кæнын куыд нæ бæстæйы регионты, афтæ ма фæсарæнты дæр. Анатолий Кириенко ахæм хъуыдыйы фарс рахæцыд.
















