Бестауты Олеся 40 азмæ ввахс цæры Владикавказская уынджы 30-æм хæдзары. 1978-æм азы амад бæстыхай бындуронæй цалцæг никуы уыд. Йæ фатер ис фæндзæм уæладзыджы. Сæйраг фарста – зӕронд тӕдзгӕ уӕлхӕдзар, уымӕл цар ӕмӕ къултæ. Сæ фарсмæ æрбынат кодта æнæзылд арæзтад. Ахæм уавæрты цæрæн нæй, хъаст кæны сылгоймаг.
Хъæстытæн дзуапп радта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады цæрæнуæттæм цæстдарды управлени.
Специалисттæ æркастысты уæлхæдзармæ, аныхас кодтой цæрджытимæ. Уый фæстæ бабæрæг кодтой разамынддæттæг компани. Уым куыд фæнысан кодтой, афтæмæй сæм цæрджытæй официалон курдиæттæ не ‘рбацыд.
Басгæрсты рæстæг цæрæнуæттæм цæстдарды управленийы специалисттæ бæстон базонгæ сты документтимæ. Хатдзæгтæм гæсгæ, разамындæттæг компанийы размæ сæвæрдтой хæс, цыбыр рæстæгмæ цар сцалцæг кæнын. Уымæй уæлдай ма байгом кæндзысты административон хъуыддаг дæр.
Цæрæнуæттæм цæстдарды управленийы специалисттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй алы цау дæр æвзæрст цæуы сæрмагондæй, фатерты хицæутты хъæппæристæ хынцгæйæ. Фæнысан кæнын хъæуы, уый æмæ разамынддæттæг компаниты басгæрстытæ дзуапдæттæг министрад расиды æрвылкъуыри. Ахæм цæстдарды фæрцы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæн фæзындзæн æнцонвадат уавæртæ цæрынæн.
















