Сбæрæг кодтой Уæрæсемæ цы хостæ ласæн ис уыдоны хъыгъд. Бæлвырддæр та нæ бæстæйы регистрацгонд цы хостæ не`сты, уыдон. Сæрмагонд уынаффæ Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад апарахат кодта барадон информацийы офицалон порталы.
Æдæппæтæй хыгъды ис 5 хосы. Уыдоны ис наркотик хæццæ æмæ сæры магъз чи æмхæццæ кæны, ахæм буаргъæдтæ. Рафыссынц сæ цардæн тæссаг уавæры медицинон æххуыс бакæныны тыххæй. Уынаффæ йæ тыхы бацæудзæн 1-æм мартъийы. Аххæсдзæн 2023-æм азмæ 31-æм декабрмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ивгъуыд аз Владимир Путин бафыста закъон хостæ ивыны тыххæй. Уымæ гæсгæ хицауадæн бар ис нæ бæстæйы регистрацигонд чи не`рцыд, ахæм хостæ æлхæнын.
















