preloader
сейчас в эфире
08:13
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Сербийæ бæлцæттæ велосипедтыл схæццæ сты Цæгат Ирыстонмæ

25.07.2024 19:29

Арæнты æмæ бæстæты сæрты. Сербийы цæрæг Драган Шибалич велосипедыл абалц кодта дунейы горæттæм. Зæрдæргъæвд бæлццон цы бынæттæм цæуынвæнд кæны уыдоны номхыгъд æмæ балцвæдтæ чысыл не ‘сты. Йæ нымадмæ гæсгæ фæндагыл фæуыдзæн афæдз. Ахæм цымыдисаг спортивон цаумæ сразæнгард кодта йæ бинойнаджы дæр. Ныр иумæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Фидæнмæ пълæнтты тыххæй радзырдтой ме ‘мкусджытæн.

Арæнты æмæ бæстæты сæрты. Сербийы цæрæг Драган Шибалич велосипедыл абалц кодта дунейы горæттæм. Зæрдæргъæвд бæлццон цы бынæттæм цæуынвæнд кæны уыдоны номхыгъд æмæ балцвæдтæ чысыл не ‘сты. Йæ нымадмæ гæсгæ фæндагыл фæуыдзæн афæдз. Ахæм цымыдисаг спортивон цаумæ сразæнгард кодта йæ бинойнаджы дæр. Ныр иумæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Фидæнмæ пълæнтты тыххæй радзырдтой ме ‘мкусджытæн.


Беслæны цы æвирхъау цау æрцыд, уый сербийаг бинонтæ Драган Шибалич æмæ Нада Чайковски рагæй зонынц. 2004-æм азы ацы цауы тыххæй æппæт дуне дæр базыдта. Хъуыды йæ кæнынц, куыд мæт кодтой адæмыл, уый. Æмæ ныр 20 азы фæстæ ссыдысты Бæслæнмæ, бабæрæг кодта 1-æм скъола. Сербийæ велосипедтыл цæуæг бæлццæттæ нæ бæстæмæ схæццæ сты 2 боны размæ.

Æппæт хъæугæ дзауматæ æрæмбырд кæнынæн бинонты бахъуыд сахат. Æхсæвиуат бакæнынц кæм сæ æрæййафы, уыцы ран. Куы фысымуæтты, куы цатырты. Ацы хатт баурæдтой Алагиры. Драган Шибалич у фæлтæрдджын бæлццон. 2015-æм азы велосипедыл йæ райгуырæн горæт Кралевойæ фæцыд Японимæ. Апрелы та райдыдта ног маршрут. Фæнды йæ дунейы æппæтæй бæрзонддæр ранмæ ссæуын.

Нада Чайковски та велосипедыл балц кæны ныр 20 боны. Йæ бинойнагимæ сæмбæлдысты Тбилисийы. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм иумæ балц кæнын цымыдисагдæр кæсы. Нада дæр æххæст кæны йæхи хæс – гуманитарон.

Мингай километртæ æмæ уымæй фылдæр та æнкъарæнтæ. Фæлæ балц бынтон ахæм цымыдисаг æмæ æнцон нæ рауайы. Сæмбæлынц зындзинæдтимæ дæр.

Сæ документтæ æмæ æхца сын ссардтой æмæ сæм сæ фæхæццæ кодтой. Уыимæ ма куыд зæгъынц, афтæмæй зын у хæххон æфцæгты сæрты хизын. Уæвгæ, Драган Шибалич у дыууæ чиныджы автор. Фæнд кæны æртыккаг ныффыссын дæр.

Драган æмæ Нада балцы уыдзысты афæдзы бæрц. Разæй ма сæм æнхъæлмæ кæсын 20 мин километры – Казахстан, Узбекистан, Таджикистан, Киргизи, Пакистан, Инди æмæ кæронбæттæн бæстæ – Непал. Беслæны дæр Сербийæ бинонтæ фæуыдзысты цалдæр боны. уырдыгæй та ацæудзысты Грознамæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Булат» | К 90-летию Булата Газданова
21.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 21.06.2026
21.06.2026
Солтанбек Таболов I #ДОК
20.06.2026
Гвардия I 20.06.2026
20.06.2026
Северная Осетия в Великой Отечественной Войне I Ход истории
19.06.2026
Фосы куыст I Хæдзарадон
19.06.2026
Адæмыхæттыты `хсæн буллинг, ирыстойнаг проект «Три столицы» æмæ сывæллæтты футболы Бон | Йæ рæстæгыл
19.06.2026
19.06 | Доброе утро, Осетия!
19.06.2026
«Школа фермера», программа «Активное долголетие» и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
18.06.2026
Рагон кæлмæрзæн
18.06.2026
Танделаты Розӕ I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
18.06.2026
Истории из жизни I Залина Хейреддин
17.06.2026
Среда влияния I 17.06.2026
17.06.2026
Любовь Бедзоева I Дело мастера
17.06.2026
Боевые искусства I Доброе утро, Осетия!
17.06.2026
Все рекомендуемое