Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло архайы «Сибирь: экономика будущего», зæгъгæ, 18-æм экономикон форумы Красноярскы. Красноярскы экономикон форум у Уæрæсейы егъаудæр экспертон фæзтæй иу. Æрдзурынц дзы дунейы экономикæйы стратеги æмæ райрæзтыл.
Республикæйы разамонæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй форумы фæлгæты Красноярскы край æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн бафысдзысты базарадон, экономикон, наукон-техникон æмгуыстады бадзырдтæ. Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныридæгæг фембæлд Красноярскы крайы губернатор Александр Уссимæ.
















