Цæгат Ирыстоны коронавирус кæмæ раиртасынц, уыдоны нымæц къаддæр кæны. Уый тыххæй фехъусын кодтой радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныхас цыд ахуырад, социалон къабаз æмæ Дзæуджыхъæуы фæлгонцадыл дæр.
Коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы адæмы нымæц къаддæр кæны. Дзæбæхгæнæндæттæм æххуысагур чи цæуы, уыдон дæр 16% бæрц фæкъаддæр сты. Уавæр кæй фæхуыздæр, уый вакцинацийы ахадындзинады руаджы дӕр у. Æрмæст ивгъуыд къуыримæ низы ныхмæ прививкæ скодтой 11 мин цæрæгæй фылдæр.
Ахсджиаг фарстатæй иу у, Карцамæ фæндагыл цы цау æрцыд, уый. Сергей Меняйло Мидхъуыддæгты министрад æмæ прокуратурæйæн бабар кодта хъуыддагмæ лæмбынæгæй ӕркӕсын. Регионы разамонæг фæсидт æрмæст закъон хынцгæйæ архайын.
Æмбырды æрдзырдтой ахуырады фарстатыл дæр. Профилон министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн курсытæ сæ куыст райдыдтой. Ахæм хуызы лæвар ахуыртæ сарæзтой республикæйы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ. Скъоладзаутимæ кусдзысты хуыздæр ахуыргæнджытæ æмæ методисттæ.
Аппаратон æмбырды ма ныхас кодтой «Ирон адæмы национ-культурон райрæзты программæ»-йыл. Республикæйы нациты ‘хсæн ахастдзинæдты фæдыл министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ кусынц нымæцон хуызы платформæ саразыныл. Сергей Меняйло бахæс кодта программæйы фӕлгӕты уæлдай хъус æрдарын мадæлон æвзаджы райрæзты мадзæлттæм.
Æрдзырдтой социалон фарстатыл дæр. Æмбырды куыд рабæрæг, афтæмæй Мæздæджы районы цæрджытæ хъаст кæнынц, сывæллæттæн фиддонтæ сын къуылымпытимæ кæй фидынц, уымæй.
Ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн бынæтты уавæрыл дæр. Зæгъæм, Доны станцæ, Хетæгкаты Къостайы æмæ Жуковскийы номыл парктæ. Сергей Меняйло бабар кодта объектты иу хай сæрды онг банывыл кæнын.
















