Шахмӕттӕй хъазыны спортӕн ӕгас дунейы дӕр стыр ахадындзинад ис. Фыццаджыдæр, ахъаз у ӕрхъуыдыджын уӕвынӕн. Цæмæй дæ ныхмӕлӕууӕгыл фӕуӕлахиз уай, уый тыххӕй хъуамæ ӕфсады разамонӕджы хуыздæр миниуджытӕ равдисай. Ома, уай дардмӕуынаг, хиуылхӕцгæ, бирӕзонаг. Интеллектуалон спортуарзӕг фӕсивӕд нæ республикæйы дæр гыццыл нӕй. Сæ иу — Челæхсаты Вадим, йæ зӕрды ис, ӕнӕмӕнг, гроссмейстер суӕвын.
Ферзь дыууадæсаздзыд Челæхсаты Вадимы уарзон фигурæ у, уымæн æмæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, æппæтæй тыхджындæр у. Лæппуйы фæнды урсытæй хъазын. Уыдон фыццаг цæуыц æмæ иу къахдзæф разæй сты. Æгуыстæй бон дæр нæ лæууы æвзонг шахматист. Дыууæ мæймæ классикон шахмæттæй рамбылдта дыууæ æгъау ерысы. Сси уал Налцыччы чемпион хистæрты ‘хсæн, уый фæстæ Железноводскы райста Цæгат Кавказы ерысты бронзæ.
Ныр Вадим у Цæгат Кавказы федералон зылды 15 азы онг кары хуыздæр 3 хъазæгæй иу. Ацы категорийы тыхджын шахматисттæ бирæ ис, зæгъы тренер Тигран Назаретян. Йæхæдæг у ФИДЕ-йы мастер, йæ ахуыргæнинаджы гнæнтæ хорз зоны. Вадимы хоны нæ республикæйы ныфс, йæ курдиат ын æрдзæй лæвæрд у.
Ахуыртæ цасфæнды куы цæуиккой, уæддæр сæ сывæллон нæ бафæллаид. Шах æмæ мат æвæрын базыдта йæ уарзон 25-æм скъолайы. ацы клубмæ цæуы къуыри æртæ хатты æртагай сахаттæ. Лæппуйæн 4 тренеры ис.
Æмæ æрбакодта лæппуйы йæ мад фыццаг тренермæ. Уæд, 4 азы размæ, Челæхсаты бинонтæ Вадимы ацы фæнды диссагæй ницы федтой — æхсызгон архайд. Абон сæ хъуыдытæ бынтон æндæхуызон сты. Ныртæккæ сæйраг насан у — Уæрæсейы ерысты хуыздæрты хыгъдмæ бахауын, ацæудзысты апрелы Мæскуыйы. Уый тыххæй та хъæуы кусын. нырма уал нæхимæ цы ныхмæлæуджытæ ис, уыдоны рамбылын хъæуы. Се ‘хсæн дæр тыхджынтæ бирæ ис.
Гроссмейстер суæвын, ома, шахматты бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын, клубы алы сабийы дæр фæнды. Уымæн та, ныхасæн, уæвæн ис, уымæн æмæ ацы хъазты карæн уæлахизхæссæг тых нæй. Наукæйыл æнцайгæйæ, шахмæттæй архайд ахуырыл дæр хорзырдæм ахады, интеллектуалон дæр дзæгъæлы нæ хуыйны. Сывæллон у зæрдæргъæвд, лæмбынæг, бæрнон. Иугæр фигурæмæ бавнæлдтай, уæд цæугæ у, фæстæмæ та къахдзæф дæр нæй скæнæн.
Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсынæн æххуыс сты æндæр ерыстæ дæр. Арæх сæ саразынц Цæгат Ирыстоны. Тренертæ сæ ахуыргæнинæгты хъазт фенынц. Бакусын ма цæуыл хъæуы, уый базонынц. Йæ нысанмæ чи тынты, уый цыфæнды бæрзæндтæм дæр схиздзæн.















