Социалон приюты экоцæхæрадоны æмбырд кæнынц тыллæг. Ныр æй æртыккаг аз бынæттон цæрджытæ сæхæдæг бакусынц. Зайын кæнынц джитъри, адджын галæрыскъæф, басгæрдæг. Сæ хойрагæй æххæст кæнынц социалон кусæндон. Фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ сæ зæрдæмæ архайд тынг цæуы, уарзынц фæллой кæнын.
Владимир цæхæрадонмæ зилын райдайы райсомы 5 сахатыл. Хуымтæ барувы æмæ сæ донæй бафсады. Социалон приюты 7 азы ис. Уыцы рæстæгмæ балымæн алы бынæттон цæрæгимæ дæр. Ам базонгæ йæ цардæмбалимæ дæр. Йе ‘мкъаимæ фидæнмæ æвæрынц нысæнттæ. Социалон æххуысы руаджы бинонтæ официалон æгъдауæй райдыдтой кусын.
Ахæм цæхæрадон саразыны хъуыды фæзынд æнæнхъæлæджы. Хъæппæрис разынд директор Къесаты Валериймæ. Чысыл зæххы гæбаз банывыл кæнын æмæ дзы исты æрзайын кæнын æнцон хъуыддаг нæ разынд, фæлæ къухы бафтыд. Халсарты куыст цæрджытæн сси æцæг терапи. Царды уæззау уавæрты чи бахауд, æмæ ам чи æрцард, уыдон, дзырдæн, ам сты 30 бæрц. Ссардтой цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ архайд. Сахуыр сты иумæйаг фæллойыл, кæрæдзийæн æххуысыл.
Приюты сарæзтой æппæт уавæртæ дæр црджыты социализацийæн. Ардæм æппынæдзух æрбацæуынц театралон труппæтæ, артисттæ, музыканттæ æмæ æндæр сфæлдыстадон къордтæ. Ам сын — гарденотерапи дæр. Экоцæхæрадон та хуымæтæджы хуым нæу. У егъау социалон адаптацийы стыр хай, ам алчи уыны йæ куысты хатдзæгтæ
















