preloader
сейчас в эфире
04:57
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:40
МУЗЫКÆ 12+
05:05
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
05:25
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
close

Спортивон скъола “Юность” бæрæг кæны йæ юбилей

18.05.2026 15:08

Тренерты ‘хсæн, йæхæдæг ам чи сахуыр хъазын, ахæмтæ дæр. Гуыдиаты Казимир “Юность”-мæ æрбацыд 12-аздзыдӕй.

Спорты та ӕндӕр хуызы уӕвӕн нӕй. Скъола “Юность”-ы чысыл футболисттӕ ацахсынц тренеры алы ныхас дӕр ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъусынц уынаффӕтӕм. Хъомылгӕнинӕгтӕ зонынц, лæмбынæг уæвын куыд ахсджиаг у, уый. 12-аздзыд Давид Соломонов ӕмӕ Санахъоты Давид хъазынц иу командӕйы. Дыууæйæ дæр бӕллынц профессионалон карьерӕмӕ ӕмӕ ардӕм хуымӕтӕджы не ‘рбахаудысты — сæхи фӕндонмӕ гӕсгӕ.

Ӕмӕ, гæнæн ис, ацы фӕсивӕд футболы фидӕны стъалытӕ сты. Сусӕггаг нӕу — спортивон скъола “Юность” ӕрыгон курдиӕтты куырдадз у. Ам стыр футболмæ фæндагыл æрлæууыдысты уӕд ӕнӕзонгӕ, фæлæ абон фӕлтӕрдджын спортсментӕ — æгас бӕстӕ кӕй нӕмттӕ зоны, ахæмтæ: Ӕгкацаты Станислав, Дзӕгъойты Алан, Гогниты Спартак, Ӕгайты Алан ӕмӕ канд уыдон нӕ.

Ӕппӕт дӕр, скъолайæн йæ цард чи снывонд кодта, ахæм адӕмы фӕрцы. Сæ тыхтæ бавæрдтой æвзонг спортсменты, радтой сын аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕлтӕрддзинад, сахуыр сӕ кодтой сӕ тыхтыл ӕууӕндын ӕмӕ къухтæ ма уадзын. Сӕйрагдӕр та сын бауарзын кодтой футбол — Анатолий Кочетовы хуызӕн зондамонджытӕ. Абон у “Юность”-ы разамонæг. 50 азы, йӕ байгомæй нырмӕ, кусы ам. Йӕхӕдӕг дӕр — ивгъуыды профессионалон футболист.

Тренерты ‘хсæн, йæхæдæг ам чи сахуыр хъазын, ахæмтæ дæр. Гуыдиаты Казимир “Юность”-мæ æрбацыд 12-аздзыдӕй. Ӕвзонг дуаргӕсы фыццаг зондамонӕг сси Анатолий Кочетов. Абон та сты ӕмкусджытӕ, иумӕ ӕрыгон лӕппуты ахуыр кӕнынц нысанмӕ ныфсджынӕй цӕуын ӕмӕ уды бӕрц футбол уарзыныл.

“Юность”-ы тренировкæ кодтой “Алани”-йы абоны сконды футболисттӕ дӕр. Стыр спортмӕ фӕндаг Хуыгаты Алан 8-аздзыдæй райдыдта. Уӕлдай æхсызгонæй футболист мысы йӕ фыццаг зондамонджыты ӕмӕ хъазæн фæз.

“Алани”-йы абон хъазы дуаргӕс Биазырты Давид. Уый дӕр у скъола “Юность”-ы хъомылгӕнинаг. 23-аздзыд голкиперӕн бантыст йӕхи алы æмвæзадыл бафæлварын. Фарон “Аланимӕ” Петербургы “Зенитӕй” æрбацыд. Системӕйы йын уыд 98 матчы ӕмӕ ма суанг бӕстӕйы фæсивæдон иугонд командӕйы дӕр хъазыд.

Спортивон скъола “Юность”-ыл ацы аз æххсæт кæны 50 азы. Абон ам тренировкӕ кӕнынц мин сывæллонæй фылдӕр. 1976-æм азы йæ фыццаг директор сси Нодар Папелишвили. Республикӕйы сывӕллӕтты футбол ног ӕмвӕзадмӕ чи ракодта, уыцы адæймаг. Уӕдæй абонмæ æвзонг спортсментӕ хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвдисынц стыр ерысты.

Йӕ юбилей скъола сбӕрӕг кӕндзӕн 20-æм майы. Фӕзыл уыдзæн стъалыты матч. Командӕты сконды — Гогниты Спартак, Дзӕгъойты Алан, Ӕгкацаты Станислав ӕмӕ канд уыдон нӕ. Хъазтмӕ кӕсдзысты кадджын уазджытӕ, ирон футболы ветерантӕ. Уыдонимӕ Гӕззаты Юрий, Васильевты ‘фсымæртæ, Афанасий Сафрониди.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все про авто I Доброе утро, Осетия!
3.06.2026
Йæ рæстæгыл I Дзанайты Ольгæйы фæстаг фæндараст æмæ мыггæгты ног чиныг
2.06.2026
02.06.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
2.06.2026
01.06.2026 I Самое время
1.06.2026
День защиты детей I Доброе утро, Осетия!
1.06.2026
Древняя архитектура Осетии I Ирон и Я
31.05.2026
Пищевая непереносимость I Медикум
31.05.2026
Бугаты Зæринæ I Дзӕнгӕрӕг
31.05.2026
Суанты Симоны фырт Хъазыбег I Æнусон фарн
30.05.2026
Моргуаты I Бинонтæ
30.05.2026
Все рекомендуемое