Залы — æппæты домагдæр аивадуарæг. Хореограф алы хъомылгæнинагмæ дæр лæмбынæг цæст дары. Ахсджиаг концертмæ цæттæ кодтой мæйæ фылдæр æмæ ныр, йæ агъоммæ, сценæйыл алы змæлд дæр хъуамæ аив уа. Ансамбль “Аивад”-ы репетициты дисциплинæ æмæ ирд æнкъарæнтæ хорз фидауынц кæрæдзиимæ. Æрмæст афтæмæй ис аивадуарзджыты зæрдæтæм фæндаг ‘ссарæн.
Хъæцмæзты Маринæ Сунжæйы культурæйы хæдзармæ æрбацыд 5 аздзыдæй. Йæ ныййарджытæ йæ ‘рбакодтой музыкæ æмæ ирон кафджыты къордтæм. Ансамбль йæ равзæрдæй хъуыды кæны, фыццаг бонтæй. Ныр, 50 азы фæстæ дæр, сценæйыл ис, æрмæст ныр фæндырдзæгъдæгæй. Стæй разамынд дæтты культурæйы артдзæстæн.
Æлборты Сæрмæт дæр цард æнæ кафтæй нæ уыны. Къорды архайы 2 азы. Ансамблы традицитæ — разамонæгæн кад кæнын, уый фæстæ дисциплинæ æмæ æнæрлæугæ бæстон куыст. Уыцы æгъдауыл хæст сты сæ хистæр æмбæлттæ дæр. Фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад — къорды бындур.
Ахæм ахастдзинæдтæ “Аивад”-ы сфидар сты Гæджиты Аланы фæрцы. 20 азы дæргъы дæтты разамынд ансамблæн. Сси йын сфæлдыстады артдзæст, йæ хъарутæ кæм фылдæр кæнынц, ахæм бынат. Зæгъы, кафджытæн, фыццаджыдæр, хъомыладон хъомыс кæй ис.
Æмæ уый фæлтæрæй фæлтæрмæ цæуы. Фыццаг разамонæг Хуыгаты Станислав Гæджиты Аланæн йæ ахуыргæнæг уыд. Уый цы бындуртæ сæвæрдта, уыдонæн ныр хореограф уæлдай аргъ кæны, хъахъхъæны сæ. Хуымæтæг дæсныйад æвдисæг ахуыртæй къорд райрæзт адæмон ансамблмæ. “Аивад”-æн йе ‘нусы æмбисы дæргъæн фæндаг рауад ирд æмæ аив. Æмæ абон коллектив цæттæ у ногдзинæдтæм.
















