Кабинеттӕ — рухс, тыргътӕ — ирд, регистратурӕйы та фӕзындысты цӕрӕгойты нывтӕ. Се фенд ӕхсызгон вæййы чысыл пациенттæн. Сывӕллӕтты дыккæгæм поликлиникӕ бындурон цалцæджы фæстæ байгом февралы.
Дохтыртӕн дӕр ӕхсызгон сты ацы ивддзинӕдтӕ. Ам æнӕхъӕн афӕдз цыдис бындурон цалцӕг. Уыцы рӕстӕгмæ поликлиникӕ йæ куыст нæ баурæдта, чысыл пациенттæн лæггад кодта æндæр бæстыхайы. Ныр рацарæзт фӕци ӕмӕ сын зынгæ фенцон. Алкӕмӕн дӕр сæ арӕзт ӕрцыд иттӕг хорз фадӕттӕ.
Алы дыццӕджы дӕр поликлиникӕйы вӕййы Æнӕниз сывӕллоны бон. Участочы педиатр Хъазиты Аринӕ кӕны профилактикон ӕркӕстытӕ. Ноджы ма дӕтты хъӕугӕ справкӕтӕ.
Иу педиатр бонмæ райсы 20 сывӕллоны онг. Поликлиникӕйы прививкӕтӕ кӕнынц 1 мӕйӕ 18 азы онг. Сæрмагонд кабинет ӕнӕхъӕнӕй дӕр ифтонг у.
Медицинон хотӕ прививкӕты тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ фыссынц сӕрмагонд журналты. Уыдон амонынц сывӕллоны бон, ном ӕмӕ кар, стӕй вакцинӕйы хуыз.
Ныййарджытӕн дӕр сæ зæрдæмæ цæуы ноггонд поликлиникӕ. Ӕппӕлынц удӕнцой уавӕртӕй. Ноджы бӕрӕг кӕнынц — дохтыртæ сты фæлтæрдджын, сæ хъуыддагыл æнувыд.
Поликлиникӕйы ис 217 кусӕджы. Се ‘хсӕн — нефолог, гастроэнтеролог, уролог, невролог, окулисттӕ, УЗИ-йы специалисттӕ æмæ ӕндӕр низтæй чи дзæбæх кæны, ахæм дохтыртæ.
Поликлиникӕ сарӕзтой 1983 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ иу хатт дӕр нал сцалцӕг кодтой. Ныр куыстытæ сӕххӕст кодтой национ проект “Дӕргъвӕтин ӕмӕ уæнгрог цард”-мӕ гӕсгӕ.
Сывӕллӕтты дыккагæм поликлиникӕ у горӕты стырдӕр медицинон кусæндæттæй иу. Йӕ бон у 400 пациентæн балæггад кæнын. Ӕдӕппӕтӕй йæм хауы 22 мин сывӕллоны.
















