Тæрккъæвдаты рæстæг хъыгдæрд кæй хæдзæрттæ баййæфтой, уыдонæн æхцайы æххуыс дæттын райдыдтой. Дзæуджыхъæуы реестры ис 395 хæдзары. Уыдоны цæры 815 адæймаджы. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды рæстæджы. Улæфæн бонты фæрæзтæ райстой 35 цæрджы. ацы куыст райдыдтой кæнын Горæтгæрон районы дæр. Хъуыддагæн республикæйы Финансты министрад рахай кодта 31 милуан сомы.
Ныхас цыд Мамысоныл дæр. Бынаты заказгæнæг, генералон æмæ æндæр подрядисæг куыстуæтты уæнгтæй сараздзысты штаб. Разамынд ын дæтдзæн республикæйы минæвар, уымæн уыдзæн, æмткæй райсгæйæ, æппæт куыстытæн дæр фæтк нысан кæныны бар. Ныртæккæ объекты ис милуаны æрдæджы бæрц адæм.
Æмбырды фарстатæй иу – мастер-пълан «Солнечный пояс Алании». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, документмæ гæсгæ, хъуамæ æххæстгонд æрцæуа 95 проекты, сæ иумæйаг аргъ – 2 млрд сомæй фылдæр.
Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой Петербургы æппæтадæмон экономикон форумы нæ делегацийы цы куыст бакодта, ууыл дæр. Сергей Меняйло Экономикон министрадæн бабар кодта, мадзалы цы бадзырдтæ бафыста республикæ, уыдонæн пълан саразын, равдисын хъæуы, царды сæ куыд ис ауадзæн, уый. Æвæрд ма æрцыд иу нысан — инвестицион проекттæн уæлæмхасæн æххуыс бакæныны хъæппæристыл бакусын.
















