Дзæуджыхъæуы 27 скъола 1-æм сентябры, бындурон цалцæджы фæстæ, байгом кæндзæн йæ дуæрттæ. Афæдзы дæргъы ацы бæстыхай сног кæныныл архайдтой. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ йæ цæст дары нæ республикæйы хицауад. Аразджыты размæ сæвæрдтой хæс: æппæт куыстытæ дæр хъуамæ куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд цæуой. Ныридæгæн аразджытæ бавнæлдтой мидæггаг куыстытæм. Ног ахуыры азмæ скъола срæвдз уыдзæн, æви нæ, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.
Фарон августы мæйы Кучиты Юрийы номыл Дзæуджыхъæуккаг 27 скъола йæ дуæрттæ æрæхгæдта. Кæрт арæзтадон техникæйæ айдзаг. Скъола бындуронæй цалцæггонд æрцæуа. Цæмæй фидæны скъоладзаутæ æмбæлгæ уавæрты зонындзинæдтæ исой.
Раздæры бæстыхайæ ма аззадысты æрмæстдæр къултæ. Йæ раздæры арæзтадмæ гæсгæ ахуырадон уагдон уыд дамгъæ “Ш”-йы хуызæн.Ныр та ног проектмæ гæсгæ йæм бавтыдтой ног амаддзæгтæ æмæ дзы рауад расткъуымон. Афтæ хуыздæр æмæ адасдæр у, зæгъынц аразджытæ. Цы ног бастæхæйттæ сарæзтой, уыдоны фæрцы скъолайы фæзындзæн 12 ног къласы.Уæдæ спортивон æмæ æмбырдгæнæн залтæ дæр уыдзысты ног. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ се `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн дæр скъолайы уыдзæн æмбæлгæ уавæртæ. Аразджытæ сæ куыст кодтой зæрдиагæй.
Бæстыхай арæзт æрцыд 1937 азы, нымад у зæронд арæзтадыл. Уымæ гæсгæ дзы уыд бирæ кусинæгтæ, уыдонæн та федералон æмæ республикон бюджетæй радих кодтой 140 милуан сомæй фылдæр.Æмæ кæд куыстытæ иууылдæр кæронмæ нæма фесты,уæддæр арæзтадон органицийы кусджытæ дзырд дæттынц, фыццæгæм сентябры 27 скъола ногæй кæй суазæг кæндзæн йæ уарзон скъоладзауты.
















