Созайты Дзерассæ шахмӕттӕй архайы ӕртӕ азы. Чызг ӕппынæдзух вæййы турнирты. Ӕмӕ фылдæр хатт бацахсы раззагдæр бынӕттӕ. Фарон ӕртыккаг сси. Ныртӕккӕ йӕ нысан у бæрæггæнæн фӕхуыздӕр кӕнын.
Цӕголты Николайы номыл турнир ныр дыккаг аз кӕнынц. Архайынц дзы скъоладзаутӕ фондз регионӕй: Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй, Кӕсӕг-Балхъарӕй, Цӕцӕнӕй, Мӕхъхъӕлӕй. Ӕдӕппӕт фондз кары къорды. Фӕлӕ хӕрзиуджытӕ райсдзысты се ‘ппӕт дӕр, суанг фыццаг бынӕттӕ чи нӕ бацахста, уыдон дӕр.
Фӕлӕ фембæлд канд ерысты фæдыл нӕу. Хъазты размӕ мадзаларазджытæ сывӕллӕттӕн скодтой экскурси. Федтой музейы хæзнатæ, базонгæ сты Цæголты бинонты историимæ. Афтæмæй, фæсивæды ‘хсæн фидар кæны иудзинад.
Айза Албакова ӕвзарæн къæпхæн ацыд скъолайы, турнирмæ йæхи бæстонæй цæттæ кодта. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуылымпыдзинæдтæ дæр сæвзæры, фæлæ разæнгард архайды фæрцы къухы бафты хорз бæрæггæнæн. Архайджыты ‘хсӕн ныридӕгӕн йӕхицæн ног хæлæрттæ ссардта.
Цымыдисаг ныхас æмбал рауад, фыццаг къæпхæны не хсæн карз ныхмæлæуд нæй, хъалдзæг ныхæстæ дæр акæнæм, мæ зæрдæмæ цæуы.
Шахмӕттӕ æнгом кӕнынц. Иумӕйаг архайд свӕййы хӕлардзинад ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕмбарынӕн бындур. Мадзаларазджытæ фæнысан кодтой: ахӕм фембӕлдтытӕ фидар кӕнынц Кавказы регионты ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕ.
















