Афæдзы сæйраг цауы агъоммæ æппынæдзух тренировкæтæ. Фæзуаты 15 барæгæй фылдæр. Алкæмæн дæр йæхи спортивон истори. Бæхтæм уарзондзинад Альберт Халиковмæ райгуырын кодта йæ дада. Уый йæ сахуыр кодта саргъыл уæндонæй бадын. Абон Альберт у спорты мастер æмæ Уæрæсейы бирæ чемпионатты уæлахиздзау.
Æз Ирыстоны фыццаг хатт нæ дæн. Арæх ссæуын, уымæн æмæ ам цæрынц хæларзæрдæ адæм, рæсугъд æрдз, алцы дæр мæ зæрдæмæ цæуы. Æмæ куы базыдтон ерыстæ Ирыстоны цæудзысты, уæд тынг бацин кодтон. Уымæн æмæ чемпионаты дæр архайдзынæн, ме ртхæрдты дæр фендзынæн.
Бæхыл бадыны 3 хуызы ерыстæ сты æппæтæй зындæр. Хъæуы манежы цауын, дугъы цæлхдурты сæрты ахизын. Цæмæй æппæт хæслæвæрдтæ сæххæст кæнай, уый тыххæй хъæуынц æрвылбоны тренировкæтæ. Архайджытæй иутæ цæлхдурты сæрты хизынц, иннæтæ та дугъы уайынц. Барæджы бирæ бацархайын хъæуы, цæмæй ерыстæм бацæуой цæттæйæ. Спортсментæ зæгъынц, кæй сын ис æппæт уавæртæ.
Пъланмæ гæсгæ нæхи цæттæ кæнæм. О,боны ахаст нæ бахъыгдары. Уарынты аххосæй бæхтæн зын уыд тренировкæтæ кæнын. фæлæ æмтгæй ницæмæй тыхсæм, алцы дæр пъланмæ гæсгæ цæуы.
Ерысты агъоммæ канд тренировкæтæ нæ кæнынц, фæлæ ма сæхæдæг архайынц турнирмæ цæттæгæнæн куыстыты. Райдианты ерыстæ хъуамæ ацыдаиккой Мæскуыйы бын. Фæлæ 13 майы зындгонд бæхылбадæг Малиты Барис йæ цардæй куы ахицæн, уæд хаст æрцыд уынаффæ ерыстæ Ирыстоны саразын.
Æвæстиатæй нæ бахъуыд уæлахиздзауты цæмæй схорзæгджын кæндзыстæм ахæм зæрдылдарæн лæвæрдтæ самал кæнын, барьертæм базилын. хъуыд ногтæ дæр саразын. Фæлæ æмдыхæй иумæ февнæлдтам. Чызджытæ фæйнæджытæ ахуырстой. Цыбыр ныхасæй организацион куыстытæ нæ фæкъуылымпы сты
Турнирмæ баззад хæрз цыбыр рæстæг. Цалдæр боны фæстæ равдисдзысты сæ арæхстдзинад. Ерыстæ цæудзысты къæпхæнгай. Фыццаг бæхтæм æркæсдзысты ветеринарон дохтыртæ, уый фæстæ райдайдзæн дугъ. 3 боны ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауты.
















