preloader
сейчас в эфире
15:23
Куыд зæгъай, афтæ! 12+
Смотрите Далее
15:35
Ossetica. Сокровища Кавказа 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:20
Кавказский пленник. Северная Осетия 12+
17:10
Музыкæ 12+
17:30
Там, в горах цей 10+
ТВ ПРОГРАММА
Куыд зæгъай, афтæ! 12+
close

18 – æм июлы 20 сахаты æмæ 50 минутыл телеканал “Осетия-Ирыстоны” уыдзæн кинонывы премьерæ

17.07.2026 14:03

Футболисттæ ргом здæхт у фæзмæ, хъуыдыты та зилдух кæнынц хъазты 90 минуты. Алагирæй къорд “Лабуда”-æн алы хъазт дæр куыд хуымæтæг фæлтæрæн.

Фæстаг минуттæ матчы райдианмæ. Дарæсласæн уаты сабыр. Футболисттæ ргом здæхт у фæзмæ, хъуыдыты та зилдух кæнынц хъазты 90 минуты. Алагирæй къорд “Лабуда”-æн алы хъазт дæр куыд хуымæтæг фæлтæрæн. Сæ фарсхæцджыты цур, фæлæ фыццаджы дæр сæхи раз.

Стыр спорты дунейы, гæнæн ис, æмæ стъалытæ нæма сты. Сæ мыггæгтæ сын нæ мыхуыр кæнынц газетты фыццаг рæнхъытыл, стадионты нæ æрæмбырд вæййныц дæсгай мин адæм. Фæлæ райгуырæн Алагиры районы футбол хуымæтæг спорты хуызы нæу. Къордæн ахæм цымыдиссаг сæргонд куыд фæзынд, уыцы фарстæн архайджытæ дзуапп дæттынц – уый уыд æнæнхъæлæджы, фæлæ хъысмæтхæссæн истори.

– Рамæсты дæн. Бацыдтæн цæм дарæсивæн агъуыстмæ, кодтой хъæлæба. Бафарстон цæ, инвентарь æфснайд цæуылнæ у. Кæронбæттæны смæсты дæн æмæ цын загътон, смах къорд не стут – смах стут “Лабуда”.

Къордæн ныридæн бирæ бантыст. 2024 азы Цæгат Ирыстоны Зымæгон чемпионаты уæлахиз у хъæддых фæллойы æмæ æрвылбоны тренировкаты фæстиуæг. Афæдз фæстæ, “Лабуда” райста республикæйы чемпионаты æвзист майдантæ, се ‘нтыстдзинад æнæнхъæлæджы кæй нæу, ууыл дызæрдыг ничи кæны.

Æрæджы телеканал “Осетия-Ирыстоны” студийы ацыд не ‘мкусæг Таматы Каринæйы документалон кинонывы æхгæд равдыст. Проектыл куыста афæдзы дæргъы, банкъардта алы хъайтары дуне. Арæх иу бабæрæг кодта футболæй архайджыты тренировкæтæ, каст сын сæ æрвылбоны архайдмæ – уый та уымæн, цæмæй адæм банкъарой сæ царды ритм. Сценарий, рижессура, монтаж æмæ ма суанг дизаиныл дæр Карина бакуыста йæхæдæг. Раст цыма нывгæнæг, йæ хъуыды ма фесафыны охыл, йæ ахорæнтæ куыд никæуыл баууæнды, афтæ. Киноныв сси йæ уды æргомдзинады æвдисæн.

– Сæ архайдмæ цын куы бакастæн, уæд æй бамбæрстон, ацы адæм сты фидар зæрдæйы уаджы хицæуттæ. Сты хъæбатыр æмæ ныфсхаст. Бафæндын мæ цæ раргом кæнын.

Автор куыд зæгъы, афтæмæй, проекты куыстыл æппæты зындæр уыд хъайтары миддуне раргом кæнын. Кинонывы алы кадры мидæг – райгуырæн Алагирмæ уарзондзинад, æмæ адæмæн бирæ рæстæджы кæцы лæппуты тыххæй быллыд радзурын, уый.

– Бафæндыд мæ, цæмæй абоны премьерæ сабиты раæнгард размæ цæуын. Сæ цæстыты цын фыццаг хатт цы цæхæр федтон, уый макуы бамынæг уа. Фидæны фæлтæртæ, футболæй чи архайа, гæнæн ис æмæ нырма скъолайы чи ахуыр кæны, кæсдзысты “Лабуда”-йы архайджытæм æмæ сразæнгард уыдзысты.

Æмæ мæнæ æппæты стырдæр хорзæх проектыл чи бакуыста, уыцы къордæн. Хъæр æмæ æргомзæрдæ къухæмдзæгъд. Æнæрлæугæ съемката, бæстон архайд. Хъармуд æмæ идеалтыл æнувыды тыххæй истори, кæсджытæн байгом йе ‘цæг арфы.

– Ацы къордимæ раджы дæн зонгæ. Сæ разамонæг у мæ раздæры сыхаг, царди Алагиры. Тынг æхсызгон мын уыди къорд кæй æмбырд кæны, уый куы базыдтон, уый. Бамбарстон æй, къордæн куыстмæ Гуæцълæты Сосланы хуызæн ахастдзинад куы уа, уæд цын бирæ бантыдзæн.

Къорды сæйраг уæлахиз ныридæн сæххæст: сæ бон баци футболмæ уарзондзинад, райгуырæн клубыл æмæ бæстæйыл æнувыддзинад бахъахъхъæнын. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ цын фидæны бантысдзæн ноджы фылдæр. Футболисттæ зæгъынц: æнæмæнг хъæуы бæллын, уырнын æмæ иумæ уæвын. Уымæн æмæ арæх, стыр спортсментæ сæ фыццаг къахдзæфтæ акæнынц чысыл стадионты, фыццаг номыры бын зæрдæ кæм хъазы, уым. Æрмæсдæр нæ телеканалы. 18-æм июлы, 20 сахат æмæ 50 минутыл киноныв “Лабуда”-йы премьера.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
День подарков I Доброе утро, Осетия!
17.07.2026
Театральный фестиваль «Вахтангов. Путь домой» I Подробнее
16.07.2026
Летняя школа точных наук, студенты СКГМИ в «Тесле» и актуальные новости недели I Самое время
16.07.2026
Æрыгон нывгӕнӕг ӕмӕ рӕвдауӕндонмæ балц | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.07.2026
Ацамаз Алборов I Дело мастера
15.07.2026
Репродуктивное здоровье I Среда влияния
15.07.2026
Хорошо там, где мы есть | Доброе утро, Осетия!
15.07.2026
Ирон адæммæ та хæринæгтæй цы ис? I Бæрнон ныхас
14.07.2026
Проект «Здравствуй, Россия», афæдзы гуыл æмæ цигун I Йæ рæстæгыл
14.07.2026
Профессиональный путь I Врач-хирург Казбек Зураев
14.07.2026
Стъалыты бынат æмæ адæймаджы хъысмæт I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
14.07.2026
Алыккаты Руслан I Амигдалæ
13.07.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 5: Керамика древних обществ/ «Ossetica»
13.07.2026
Качество современной застройки, мусор на природе и художественный фильм «Корни» Ильи Таучелова I Самое время
13.07.2026
Закрытие фестиваля «Вахтангов. Путь домой» I Доброе утро, Осетия!
13.07.2026
Все рекомендуемое