Цæгат Ирыстон бацахста 72-æм бынат хъалонтæ фидыны фæтк хуыздæр кæм æххæст кæнынц, уыцы регионты сæрмагонд номхыгъды. Бæрæггæнæнты тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы статистикæйы федералон службæ. Иртæстыты рæстæг æркастысты бæстæйы иумæйаг бюджетыл хъалонты фиддонтæ куыд фæзындысты, уымæ. Банымадтой регионы иу цæрæг 2 мæймæ цас бафыста, уый.
Нæ республикæйæн уыцы бæрæггæнæны бæрц сси 1 млрд æмæ 800 мин сомæй фылдæр. Цæгат Кавказы Федералон Зылды регионты хсæн та уый у 4-æм бынат. Уый размæ – Стъарапол – 15 млрд сомимæ. Дагестан – 5 млрд соммæ ввахс, стæй та Кæсæг-Балхъар – 1 млрд æмæ 849 мин сомимæ. Сæрмагонд хыгъды, раззагдæртæ сты автономон зылдтæ. Уый Ханты-Мансийск æмæ Ямало-Ненецкий. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ Уæрæсейы сæйраг горæт, Мæскуы, та бацахста 6-æм бынат. Уымæн, иртæстытæм гæсгæ, йæ бæрæггæнæн у 35 мин сомы. Хыгъды ма фæстейы аззадысты Алтай, Магадан æмæ Амур.
















