Комсомольскæйы скъолайы 11-æм къласы ис æрмæст æртæ ахуыргæнинаджы. Уыдонæй дыууæйæ ахуыр кæнынц иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Алгебрæйы урочы ахуыргæнæг æмбарын кæны ахсджиаг темæ. Йемæ баст хæслæвæрдтæ сты иумæйаг паддзахадон фæлварæны профилон хайы. Фидæны рауагъдонтæ экзаменмæ сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц. Сæйраг предметтæй уæлдай фæнд кæнынц æхсæнадзонынад æмæ истори дæттын. Пилиты Викторияйы фæнды юридикон къабазы хи бафæлварын. Битарты Миланæ та йæ бæлвырд нæма зоны цы факультетмæ йæ фæнды, уый. Фæлæ, æнæмæнг, уыдзæн гуманитарон здæхтимæ.
Чызджыты разæнгард кæны скъолайы раздæры рауагъдон Битарты Дианæйы æнтыстдзинад. Иумæйаг паддзахадон фæлварæнæй райста 93 баллы. Ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы паддзахадон университетмæ. Ахæм бæрæггæнæнæй сæрæстыр сты ахуыргæнджытæ дæр.
Ирон æвзагæй аттестацимæ 7-æм скъолайы 11-æм къласонтæ сæхи цæттæ кæнынц сентрябрæй. У Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ бахауыны къæпхæн. Скъоладзаутæ ахуыртæ нæ цух кæнынц.
Дзырдæн, урочы темæ — ирон æвзаг иртасджытæ. Бикъойты Леонид куыд йе ‘мкъласонтæ, афтæ лæмбынæг хъусы æмæ дзуапп дæтты. Ацы зонындзинæдтæ йæ æнæмæнг бахъæудзысты. Лæппу цалдæр азы дæргъы архайы скъолайы интеллектуалон комнадæйы. Иу æмæ дыууæ хатты нæ рамбыолдтой “Своя игра” æмæ “Брейн-ринг”-ы.
Дыууæ скъолайы дæр ацы аз райстой республикæйы сæргълæууæджы гранттæ. “Ахуырады къабазы райрæзтмæ бавæрæны фæдыл”. Ахуыргæнджытæ зæгъынц, æхсызгон вæййы, сæ куыстæн сын ахæм стыр аргъ куы скæнынц, уæд.
Фæсивæды æнтыстдзинæдтæ, олимпиадæты æмæ конкурсты архайд æмæ кæй зæгъын æй хъæуы иумæйаг фæлварæнты хатдзæгтæ. Уыдон сты регионы грант райсыны критеритæ. Йæ аргъ 1 млн сомы. Цæгат Ирыстоны грант рамбылдтой 60 скъолайы. 30 хъæуккаг æмæ иу уый бæрц горæты ахуыргæнæндæттæ дæр.
















