Цæгат Ирыстоны парахат кæнынц терминалтæ, æхсæнадон транспорты банчы картæйæ фидынæн. Ныридæгæн валидатортæ фæзынд 309 хæдтулгæйы, уыдон æххæст кæнынц муниципалон æмæ муниципалитетты ‘хсæн бæлцæттæ ласыны архайд.
Паддзахадон куыстуат “Автоколонна-1210”-ы автобусты ныридæгæн се ‘ппæты дæр бафидæн ис банчы картæйæ. Шофыртæ æмæ бæлцæтты æнцойдзинадæн ма ахæм фадат ис автомобилон парк “Владгортранс”ы дæр. Уым та ис транспорты 60 иуæджы. Ногдзинад аххæссыд бæлцæттæ ласыны архайд чи æххæст кæны хи хъæппæрисæй, уыцы шофыртыл дæр. Ныридæгæн æнæпаддзахадон 59 автобусты сæвæрдтой картæйæ фидæн системæтæ, тагъд рæстæджы ма сæ нымæцыл бафтдзæн 40 иуæджы. Æмæ ма æнæмæнг картæйæ фæндаггагæн бафидæн ис Дзæуджыхъæуы æппæт трамвайты дæр. Æдæппæтæй электророн фæрæзты руаджы бафидæн кæм ис, ахæм æхсæнадон транспорты нымæц хъуамæ фæфылдæр уа 349 иуæджы онг.
















