Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радон хатт бæрæг кæны республикæйы ахсджиаг социалон объектты арæзтад. Йæ балц райдыдта Дзæуджыхъæуæй. Ам федта Тельманы номыл уынджы 26-æм бирæуæладзгон хæдзары арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый. Бæстыхай заууат уавæрмæ кæй æрцыд, уый тыххæй цæрджыты 2018 азы æндæр бынатмæ ракодтой. Зæххæнкъуыстыты ныхмæ домæнтæн хæдзар дзуапп нæ лæвæрдта. Ныртæккæ йæ бынаты аразынц ног хæдзар. 5 уæладзыгон бæстыхайы уыдзæн 50 фатеры. Куыстытæ фæнд кæнынц иннæ азы кæронмæ баххæст кæнын.
Тускъаты Тамураз арæзтадон куыстытæн аргъ скодта, стæй абалц кодта горæты администрацимæ. Уым фембæлд электрон тыхдæттæн компаниты, æнæнхъæлæджы уавæрты министады æмæ администрацийы минæвæрттимæ. Æрдзырдта сæ иумæйаг куысты тыххæй. Фылдæр æргом аздæхтой социалон объектты арæзтады рæстæг профилон уагдæттæ куыд хъуамæ æмгуыст кæной, уымæ.
Ацы сахат та Хицауады сæрдар архайы Коронавирусы ныхмæ паддзахадон советы кусæг къорды æмбырды. Ныхас дзы цæуы инфекци ма руадзыны тыххæй сæрмагонд мадзæлттыл. Кусæг балцы фæткæвæрдты тыххæй бæлвырддæр хъусын кæндзыстæм нæ иннæ рауагъды.
«Куыд æй уынут, афтæмæй ныккæлы`ввонг цы хæдзар уыди, уый ныккалдтам æмæ йæ бынаты ныр араздзыстæм ног бæстыхай. Ныртæккæ бындур æвæрæм. Апрелмæ йæ фæуыдзыстæм, уæдмæ пъадвалтæ дæр арæзт æрцæудзысты. Уый фæстæ та игуыридурæй амайын райдайдзыстæм. Объект пъланмæ гæсгæ 2 азы араздзыстæм. Куыстытæ фæуыдзысты 30 декабры 2021 азы. Фæлæ нæ фæнды уымæй раздæр фæуын», – куыстуат «Электромонтаж»-ы генералон директор Хъуылымбегты Марат.















