Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ систы Цæгат Кавказы интеллектуалон ерысты архайджытӕ туризмы райрæзты нысаниуæгимæ. Ацы аз «Хакатон» ацыд Стъараполы. Математикон факультеты командæйы уыд 5 адæймаджы. Сæ куыст баст уыди ацы къабаз Пятигорскы рапарахат кæнынимæ.
Æдæппæтæй æркасты бацархайдтой 100 студентæй фылдæр Цæгат Кавказы федералон зылды 16 регионæй. Адих сæ кодтой 24 къордыл. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, проекттæй спайда кæнæн ис туризмы райрæзтыл кусгæйæ.
















