Тренировкæйы размæ уал уæнгтæ аивазын хъæуы. Спортивон хъæбысхæстыты, стæй ивазæнты рæстæг дæр, травмæ æнцонæй нæ райсдзынæ. Фæлæ буар сонт фезмæлдтытæм бацæттæ кæнын хъæуы, кæннод уæнгбæттæн аивæздзæн. Уый та кæй фæнды? Ардæм иууылдæр майданмæ ‘рбацыдысты. Иуварсæй кæсгæйæ, ивазæнты зынæй ницы ис — дыууæ спортсменæй алчи лæдзæг йæхимæ æлвасы. Афтæмæй та дзы лыстæгдзинæдтæ бирæ ис. Фæсивæд уал кæрæдзийы ныхмæ æрбадынц æмæ тæрхонгæнæг куыддæр ацамоны…
…афтæ сæ алчи архайы ныхмæлæууæджы йæхирдæм æрбалвасын, науæд та лæдзæг ратонын йæ къухтæй. Ивазæнтæ, кæнæ та мас-рестлинг фыццаг фæзынд Якутийы. Æмбуар спорты хуыз нæу, æнæбары куы баныдзæвай иннæ ерысгæнæгыл, уæд тæрхонгæнæг тох бауромдзæн. Йе ‘муæзад хъæддыхдæр кæмæн разына, уый иннæйы, æнæмæнг, фæцудын кæндзæн. Сохиты Миланæйæн та йæхи сусæгдзинæдтæ ис рамбулынæн.
Ныхмæлæуд бирæ нæ ахæссы. Зæгъæм, дыууæ хатты фæд-фæлдыл тыхджындæр чи разыны, уый рамбулы. Хатгай тох цалдæр минуты едтæмæ нæ вæййы, фæлæ йæн тыхтæ цас хъæуы… Ивазыны рæстæг хатгай сæр разилы, кæнæ зæрдæ схæццæ вæййы. Адæймаг йæ тыхтæ иууылдæр æрæмбырд кæны æмæ уыцы уæлтынгад буар туаггуырæй фæцух кæны. Зын у, фæлæ чызгæн йæ бон Цæгат Кавказы дыууæ хатты чемпионкæ суæвын йæ бон сси.
2022 азы Уæрæсейы ерысты Сохиты Миланæ райста æртыккаг бынат, афæдз фæстæдæр та йæ ныхмæлæууæджы къухтæй æвзист ратыдта. Ахæм æнтыстæй бынтон разы нæу. Йæхи ногæй цæттæ кæны, ныр сызгъæринмæ. Æмбары йæ, уæд нырма лæмæгъгомау уыд, ныр йæ хъаруйыл бафтыдта. Чызджы тренер Илона Шапка та у 2023 азы Европæйы чемпионкæ. Йæ бæллиц у — Дзæуджыхъæуы дæр хайад байгом кæнын, фæлæ уæгъд бынат ссарын йæ бон нæу.
Ивазæнтæ фæсивæды тынг цымыдис кæнынц. Бирæтæ ацы спорт равзæрстой ирон адæмон хъазты хуызæн кæй у, уый тыххæй. Нæ фыдæлтæ ма йæ къæбæлæй исын дæр хуыдтой.
















