Цæгат Ирыстоны улæфæн бынæттæ цæттæ кæнынц сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ. Сывæллæтты æдасдзинад æмæ æнæниздзинадӕн арӕзт, стæй зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæудзысты, ууыл æрдзырдтой сæрмагонд къамисы æмбырды. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй объектты разамонджытæ æмæ дзуаппдæттæг бæрнон кусджытæ сæ хæстæ хъуамæ æххæст кæной æнæ къуылымпытæй. Æнæнхъæлæджы цауты министрады управленийы хайады разамонæджы хæдивæг Дзанайты Павелы ныхæстæм гæсгæ, ведомствойы кусджытæ сбæрæг кодтой 123 объекты уавæр.
Уæлдай хъусдард уыд зынгсирвæзт ма ‘руадзыны мадзæлттæм. Цы аиппытæ рабæрæг кодтой, уыдон иуварсгонд æрцæудзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы фæллой æмæ социалон райрæзты министр Айдарты Алинæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ куыст цæуы сывæллæттæн æнцонвадат уавæртыл æмæ меню снысан кæныныл.
Хи найæн объектты æдасдзинады тыххæй радзырдта Æнæнхъæлæджы цауты министрады управленийы разамонæджы хæдивæг Гæбæттаты Зураб. Цадты цур цы фӕлладуадзӕн бынӕттӕ ис, уыдон ныртӕккӕ республикӕйы сты 6 — Мæздæджы, Горæтгæрон, Алагиры районты, стæй Дзæуджыхъæуы.
















