Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты портреттæ, баннертæ æмæ экрантыл равæрынмæ республикæйы цæрджытæй æрбацыд 10 мин курдиаты. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон радон æмбырды.
Ацыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй. Горæты администрацийы минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй 9-æм маймæ цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц бæстонæй. 28-æм апрелмæ слӕгъз кæндзысты Баййаты Гаппойы номыл уынджы фæндаг. 27 апрелы та ацæудзæн 58-æм æфсады архайдимæ репетици. Æмбырды ма ныхас цыд эпидемиологон уавæрыл дæр. Коронавирусимæ рынчынты нымæц къаддæр кæны. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтӕмæй республикæйы 15 хъæуæй афтектæ кæм нæй, уым хостæ уæй кæнын райдыдтой.
Мæйы æмгъуыдмæ сæ нымæц дыууæ хатты фæфылдæр уыдзæн. Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд радзырдта, афтæмæй Арвыкомы фæндагыл арæны сæрты ахизынмæ æнхъæлмæ кæсынц 1 мин 603 уæзласæн хæдтулгæйы.
















