Цæгат Ирыстоны цæуынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалистты ‘хсæн ахуыртæ “Жетон. Спасательный отряд”, зæгъгæ. Ведомствойы кусджытæ сæ арæхстдзинад фылдæр кодтой хæххон бынæттæй хъыгдардбаййафæджы æдас ранмæ ракæныны мадзæлтты. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, маршруттæй иуы турист бæллæхы бахауд. Ирвæзынгæнджыты хæс – адæймагмæ бахæццæ уæвын, бакæнын ын фыццаг медицинон æмæ психологон æххуыс. Уыимæ йæ быдырмæ ракæнын æмæ йæ медицинон кусджытæм раттын.
Фæндагыл ирвæзынгæнджытæм æнхъæлмæ каст алыхуызон къуылымпыдзинæдтæ: уырдыг къæдзæхтæ æмæ дæлвæзтæ. Цæмæй хъыгдардбаййафæгимæ хæххон уавæрты архайай, уый тыххæй хъæуы хорз физикон цæттæдзинад æмæ æмбæлгæ зонындзинæдтæ. Алы уаццаджы дæр пайда кæнынц транспортировкæйы хицæн гæнæнтæй. Специалисттæ бакуыстой адæймаджы уырдыг къæдзæхыл сисын æмæ æруадзыныл, пайда кодтой аразгæ донахызтæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæй кæронбæттæны фæлварæнтæ æнтыстджынæй чи ацыд, уыдон райсдзысты жетон «Спасательный отряд».
















