Рæмонаты Липæйыл цæуы 92 азы. Райгуырд Дур-Дуры, саби ма уыд, афтæмæй бинонтæ ралыгъдысты Сырх Дыгурмæ. Сылгоймаг хъаст кæнын нæ уарзы. Алцæмæй разы дæн, зæгъгæ, низтæн быхсаг, царды уавæртæй бузныг, хæдзар ницы цух æмæ уый сæйрагдæр у, зæгъгæ. Ацы æууæлтæ сылгоймаг нымайы ахсджиагыл, æххуыс ын сты цæлхдурты сæрты хизгæйæ.
Ууыл æй ахуыр кодта йæ мад, мысы Рæмонаты Липæ. Алкæддæр рæстуд, фæллойуарзаг, цардæй бузныг уæвын. Сæйрагдæр та дæ алыварс цы адæм ис, уыдоны уарзын.
Ныр Липæ йæхæдæг дæр афтæ цæры. Уазæгуарзон, къæбæрдæттаг. Царды кæм хæрды суайын фæхъæуы, кæм раст фæндагыл, фæлæ цыфæнды уавæрты дæр хъуамæ уай рæстуд адæймаг. Фæсмон кæнын нæ хъæуы, фылдæр цин кæнын — амоны сылгоймаг. Йæ цардæмбал Рæмонаты Алан нымад æмæ кадджын нæлгоймаг уыд. Куырыхон, фæллойуарзаг, се ‘ппæтæн уарзон æмæ хорз хæлар.
Йе фсинимæ йын æвзæр ахæстдзинæдтæ уыд, мысы сылгоймаг. Бинонтæм æрбакуывта 22 аздзыдæй, фæлæ æрыгон уæвгæйæ хъаст ницæмæй кодта. Зын цард ын рауад. Хæсты фæстæ æххормаг рæстæджытæ мысын æмæ сæ дзурын, зын у, – зæгъы Липæ.
Хæст та Липæ нæ хъуыды кæны. ХÆрз гыццыл уыд. Æрмæст зоны уый, æмæ немыц Сырх Дыгур куы бацахстой, уæд сæ бинонтæ алыгъдысты Сечермæ, уым æрцардысты сæ хиуæттæм. Йæ тиутæ Боцкæ, Даниил æмæ Мурат хæсты быдыры баззадысты. Йæхи фыд дæр нал сыздæхт фронтæй.
Бирæ зындзинæдтæ федта царды, фæлæ кæдæриддæр уыди хиуылхæст. Уæдæ йæ сабибонтæ дæр æнцон нæ уыдысты. Хæдзармæ куыст иу газеттыл дæр ныффыста æмæ йæ афтæмæй скъолама æрбахаста. Институты ахуырад райсын йæ къухы нæ бафтыд – æххуыс кодта йæ бинонтæн. Цæхæрадоны, хæдзары куыстытæ уыдысты йæ бæрны. Мад уæззау рынчын уыд æмæ æппæт уæз Липæйы уæхсджытыл æрæнцад.
Ныртæккæ мын цоты цот дæр ис, фæлæ уæддæр мысын мæ мады, – æнкъардæй дзуры сылгоймаг. Æвзæр низ ын йæ йæ цурæй æгæр æрыгонæй стыдта. Липæйæн ис æртæ фырты Артур Артем æмæ Арсен. Хъæбулы хъæбултæ сты 6 – уыдоны цот дæр æхсæзæй. Æмæ сæ алкæйдæр зæрдиагæй уарзы. Не сфæлдыстадон къордæн та балæвар кодта йæхи конд цъындатæ. Æхсызгон нын уыд. Липæ йæ дæнцæгæй æвдисы царды кæддæриддæр бузныг уæвын кæй хъæуы, уый.
















