Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы гвардийы службæгæнджытæ ахуыры азы райдайæнмæ аразынц сæрмагонд рейдтæ. Бæрæг кæнынц скъолатæн сæ цæттæдзинад. Уæлдай æргом здахынц æдасдзинады домæнтæ куы æххæст кæнынц, уымæ.
Пъланмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы фыццаг басгæрстой бæстыхайы хъахъхъæнджытæ кæм вæййынц, уыйы уат. Мæнг хъусынгæнинагмæ гæсгæ, скъолайы скуыста æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг фæсидыны кънопкæмæ. Уæрæсейы Гвардийы службæгæнджытæ бынатмæ уайтагъд сæмбæлдысты.
Скъолайы бæрæг кодтой видеоцæстарды системæ дæр. Камерæтæ кæм æмбæлы, уыцы бынæтты лæууынц. Фæлæ иумæйаг экраныл æвдыст нæ цæуынц. Æдасдзинады паспорт бæрæг кæнгæйæ скъолайы разамындæн бахæс кодтой къуылымпыдзинæдтæ афоныл аиуварс кæнын.
Æдæппæтæй Уæрæсейы гвардийы службæгæнджытæ хъуамæ сбæрæг кæной 500 ахуырадон объектæй фылдæр. Ахæм куыст кæнынц 2016 азæй фæстæмæ. Аиппытæ бæрæг кæндзысты æмæ сæ бынатыл иуварс кæндзысты.
















