Дзæуджыхъæуы бирæ рæсугъд бынæттæй иу. Ардыгæй сахарыл куы афæлгæсай, уæд зæрдæ æхсызгон æнкъарæнтæй дзаг кæны. Ауылты ратезгъо кæнынц цæрджытæ, туристтæн та дзы саразынц экскурси. Цæнгæт хид ис горæты бæрæгастæу — терчы дыууæ фарс хайы иугæнæг. Цæугæдоны сæрты ахизæн куыд ахсджиаг у, ууыл суанг 19-æм æнусы райдыдтой хъуыды кæнын. Уæд Дзæуджыхъæу фидар уыд нырма.
1860 азы Дзæуджыхъæу горæт сси. Хъæдын ахизæн фидардæрæй раивын сфæнд кодтой. Æмæ 1863 азы байгом æфсæнхид.
Ольгæй номыл хиды цыппар цæджындзæй иу. Абоны онг æй бахъахъхъæнын бантыст. Дзырдæн, йæ хæйттæй æндæртæ дæр баззадысты æнæвнæлдæй.
Ольгæйы номыл, кæнæ Цæнгæт хид æфсæйнаг æмæ бетонæй хидæй раивтой 1958 азы. Сарæзтой йæ чысыл дæрддзæф æмæ йæ фæуæрæх кодтой, цæмæй йыл трамвай цæуа. Рæстæг ивы æмæ абон Терчы сæрты хидыл хæдтулгæтæ дыууæрдæм кæнынц. 2023 азы ацы æмæ иннæ сæйраг хидты уавæр дæр сбæлвырд кодта администраци. Тæссаг нæу, фæлæ йæм базилын хорз уаид.
Куыстытæ бакæндзысты регионы хардзæй, къæпхæнгай. Республикæйы исбонадмæ ныридæгæн лæвæрд æрцыдысты Чапаевы хид, рады ис Цæнгæт-. Горæты ма фæзындзæн дыууæ хиды уæлæмхасæн. Гæдиаты Цæмахъы æмæ Павленкойы уынгты фахс, стæй Октябры 50 азы æмæ Огурцовы уынгтыл.
















