Спектаклы сæйраг хъайтар – 25-аздзыд Иван Васильевич. Йæ зæрдæйы æгæрон уарзт кæмæн ис, уыцы æрыгон лæппуйы фæндыд йæ сыхаг Степан Степановичы чызджы ракурын. Наталья дæр йæ зæрдæйы сусæг кодта йæ сыхагмæ хъарм æнкъарæнтæ. Фæлæ усгур йæ фæнд зæгъын нæ бауæндыд. Сæ кæрæдзийæн се ‘нкъарæнтæ раргом кæныны бæсты, се ‘хсæн рауад быцæу.
Сценæйыл – Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ Золойты Дианæ, Диготы Алан æмæ Тыбылты Вадим. Æртыккаг Æппæтуæрæсеон фестиваль “Вахтангов. Путь домой”-йы фæлгæты бацæттæ кодтой Антон Чеховы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль “Усгур”. Æвдыст дзы цæуы æрыгон адæмы ‘хсæн ахæстдзинæдтæ. Æрыгон артисттæ сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй сын тынг æхсызгон у ахæм егъау мадзалы бацархайын.
Зынгонд спектакль мадæлон æвзагыл сценæмæ рахаста Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг Цæгæраты Руслан. Йæ сæйраг нысаныл нымадта комедион равдысты фæрцы фæсивæды æргом аивадмæ раздахын.
Хъæлдзæг æмæ рог комеди балæвар кодта аивадуарзджытæн ирд æнкъарæнтæ. Зæрдиагæй спектакльмæ бакæсынмæ æрбацыдысты куыд хистæр кары минæвæрттæ, афтæ фæсивæд дæр. Уæлдай æхсызгон сын уыд равдыст мадæлон æвзагыл кæй ацыд, уый, фæнысан кодтой аивадуарзджытæ.
6-æй 12-æм июльмæ Дзæуджыхъæуы цыд Æртыккаг Æппæтуæрæсеон фестиваль “Вахтангов. Путь домой”. Архайдтой дзы бæстæйы 6 регионы таетралон аивады минæвæрттæ. Фестивалы фæлгæты арæзт æрцыдысты театралон равдыстытæ, ахуырадон лекцитæ æмæ семинартæ. Мадзал та радон хатт равдыста хъæугæ æмæ пайда кæй у, уый. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн балæвар кодта хъæлдзæг æнкъарæнтæ.
















