Цы? Кæм? æмæ Куыд? Уыцы фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой уалдзыгон хъæзтыты, уыцы-иу ном чи хæссы, уыдоны. Сарæзтой сæ интеллектуалон къорд Альбусы хъæппæрисæй. 15 азы уыдон фæсивæды зонд змæлын кæнынц. Ацы хатт дæр сæ сæ сæр бахъуыд. Хъæзтыты архАйдтой Дзæуджыхъæуы æмæ районты къордтæ. Иумæ 100 адæймагæй фылдæр. Архайджытимæ йæ тыхтæ фæлвæрдта не сфæлдыстадон къорд дæр. Цы сын бантыст, уый радзурдзысты сæхæдæг.
Чи фæуæлахиз уыдзæн æмæ зондджындæр чи разындзæн, уый рабæрæг кæнын арæх тынг зын у. Интеллектуалон хъазт «Цы? Кæм? Кæд?»-ы сæ тыхтæ бавзарынмæ ссыдысты сты Цæгат Ирыстоны æппæт районты командæтæ. Æдæпæтæй сты 25. Алчидæр сæ тырны уæлахизмæ. Уый тыххæй та сæ хъæуы цыппар æвзарæн кæпхæны фæлварæгнтæ сæххæст кæнын. Алкæмдæр дзы 8 хæслæвæрды ис. Хъазты домæнтæ хуымæтæг сты. Фарстатæн дзуапп радтын. Фæлæ фарстатæ æнцон æви зын сты, уый та чи куыд цæттæ у, уымæй аразгæ у. Фæрстытæ кæд æнцон не сты уæддæр сты цымыдисаг æмæ алывæрсыг.
Уæрæсейы фыццаг каналыл цы интеллектуалон хъазт «Цы? Кæм? Кæд?» вæййы, уый адæмæн уарзон у. Зæгъæн ис, æмæ ацы хъазт Ирыстоны цæрджыты дæр кæй æрбангом кодта. Хъазтмæ фæкæсынц алыхуызон дæсныйæдты минæвæрттæ хистæрæй-кæстæрæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй. Хъазт вæййы 2 сахаты, уыцы рæстæгмæ алчидæр бафæлвары иттæг раст æмæ бæлвырд дзуапп раттын .Зæгъын хъæуы уый , æмæ хъазты архайæгыл, æнæмæнг, хъуамæ фынддæс азæй фылдæр цæуа.
Бестауты Сослан æрæджы райдыдта хъазын. Йæ командæйæн ацы хъазт у дыккаг. Лæппу у цыргъзонд, хъазт йæ зæрдæмæ тынг цæуы. Йæ фыццаг къахдзæфтæ сты æнтысджын. Архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ цы зонындзинæдтæ фембырд кодтой , уыдон сбæлвырд кæныны фæлварæн æнцон нæ уыд. Фæнды сæ ацы сезон рамбулын æмæ финалы ахъазын.
Уæдæ Кодзаты Зауыр та ацы хъазты сусæгдзинæдтæ рагæй базыдта. 16 азы дæргъы йæ æвдисы зонындзинæдтæ æвзары. Кæд йæ раздæр нымадта хи ирхæфсæн мадзалыл, уæд ныр та у йæ царды ахсджиг хайыл. Зауырмæ фæзынд хъуыды, ацы хъазт апарахат кæнын канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма нæ сыхаг республикæты минæвæртты.
Æвдæм республикон чемпионаты уæлахидзау ссис командæ «Ура,товарищи!». Разæй ма ноджы цалдæр къæпхæны, уый фæстæ финал. Хуыздæрты, уым сбæрæг кæндзысты. Уæлахиздзаутæй сараздзысты командæ. Уыдон сæ тыхтæ бафæлвардзысты Уæлдæр Лигæйы.
















