Наркотиктæм æмхиц адæмы уавæр Цæгат Ирыстоны сæ хæрзтæй нæу. Уый тыххæй фехъусын кодта наркотикты ныхмæ къамисы разамонæг Луиза Лебедева.
Фарон рабæрæг кодтой 1 мин 343 закъонхæлды. 800-йæ фылдæр дзы баст уыдысты æнæзакъонæй наркотиктæ парахат кæнынимæ. Наркоманийæ рынчынты центры сæйраг дохтыр ГазаЙты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, рынчынтæ, диспансЕры хыгъд чи ис, уыдон иууылдæр се `нæниздзинад нæ дзæбæх кæнынц.
Статистикæйы бæрæггæнæнтæ дæр уымæн алы хатт раст нæ рауайынц. Æмбырды дзырдтой рынчындæттæ æмæ мидхъуыддæгты министрады æмгуыстады фарстатыл. Рынчындæттæ хъуамæ сæ бæрæггæнæнтæ дæттой бæрнон уагдæттæм. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм ахæм нымæцтæ: кæд æмæ фарон рынчындæттæм 150 адæймагмæ `ввахс бахауд, уæд дзы хыгъды æдæппæтæй 5 йеддæмæ нæ уыд. Ахæм нымæцтæй разыйæ нæ баззад нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.
Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Михаил Ратмановæн бабар кодта алы æмбырды дæр дзуапп дæттын амынд фарстæн
















