Алагиры районы бюджет ивгъуыд аз сæххæст кодтой 102,8%. Къазнамæ æрбафтыд 1 млрд 238 млн сомы. Уый тыххæй республикæйы Парламенты 23-æм æмбырды фехъусын кодта муниципалон сконды сæргълæууæг Дзантиаты Ислам. Куыд ма бафтыдта, афтæмæй районы бюджет фылдæр у социалон фарстатæм здæхт.
“Æнæниздзинад хъахъхъæнынад”-ы национ проектмæ гæсгæ бындуронæй сцалцæг кодтой фелсырон-акушерон пункт Сырх Ходы. Проект “Модернизация школьных систем образования”-йы ‘руаджы та ацы аз сног кæндзысты Алагиры 1-æм, 2-æм, 3-æм æмæ 5-æм скъолатæ. Ныхас ма цыд сывæллæтты рæвдауæндæтты тыххæй дæр.