preloader
сейчас в эфире
22:12
ЕСЛИ ТЫ НЕ СО МНОЙ ( 1,2 -АЯ СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
23:15
ДЖИГИТЫ АЛИ-БЕК 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЕСЛИ ТЫ НЕ СО МНОЙ ( 1,2 -АЯ СЕРИЯ) 12+
close

Уæламхасæн ахуырады скъола «Альтернатива» рамбылдта грант

10.10.2023 13:58

Скъола “Альтернатива” хуымæтæджы не схуыдтой. Ам алы сывæллон дæр зæрдæмӕдзæугæ зонад, кæнæ спортивон секци æнæмæнг ссары.

“Фæкæс мæм æмæ мæхи бон суыдзæн алцыдæр” – ахæм у Монтессорийы зындгонд методикæйы девиз. Зынæй дзы ницы ис,  хъæуы æрмæст сывæллонæн зындзинæдты сæрты хизынæн æмæ рæзынæн аккаг уавæртæ скæнын. Бæлвырддæрæй та, сабийæн сæрибардзинад ратт, фæлæ йæм æппынæдзух дæ хъус дар. Дырддæр цы æнтыстытæ бафтой къухы, уыдонæй зæрдæ, æнæмæнг,  барухс уыдзæн. Скъола “Альтернатива”-йы раст æмæ ахадæн архайд цæуы æппынæдзух.

 — Сывæллæтты хибарӕй архайын ахуыр кæнæм. Суанг ма абон цавæр хъазæнæй хъаздзысты, уый дæр сæхæдæг равзарынц. Цы нæ зона, уый дæр ын ахуыргæнæг  иу хатт равдисдзæн — дарддæр йæхæдæг. Зайцевы методикæмæ гæсгæ куы кусæм æмæ ма йæм Никитинты æмæ Монтессорийы методикӕтӕ куы бафтауæм, уæд уыцы комплекс, æмткæй райсгæйæ, хорз бæрæггæнæнтæ дæтты. Цыппар æмæ æрдæг кӕнӕ фондзаздзыдæй сывæллон кæсын райдайы.

Монтессорийы техникæимæ кълæстæ байгом кæнын къухы бафтыд конкурсы архайды фæрцы. Социалон здæхты хуыздæр проекттæ æвзæрстой Мæздæджы районы администрацийы. Уый чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады минæвæртты фарсмæ æрбалæууыны нысанимæ. Скъолайы æппæт хъæугæ гæххæттытæ æрæмбырд кодтой, пълан бацӕттӕ кодтой æмæ грант рамбылдтой. Ныр ма сабитæн ног фæзуат сараздзысты.

 —  Уыдзæн нæм æртыгай къордтæ, алкæцыйы дæр 8 сывæллоны. Хъусынгæнинæгтæ баннертæ, флайертæ, радио æмæ социалон хызгæгты парахат кæнæм. Зæрдæ дарæм, æмæ нæ фæндтæ нæ къухы бафтдзысты æмæ нæм 24 сабийы уыдзæн.

Нырыккон методикæтæ æмæ педагогты зæрдæргъæвд ахасты руаджы сывæллӕттӕ уайтагъд фæцалх вæййынц. Æмæ уый фӕруы ног информаци дæр æнцондæрæй æмбарынц. Зæгъæм, 3-йæ 5 азы онг сабитæн ис рагагъоммæйы рæзты курсытæ. Куыст цæуы сахат. Адих æй кæнынц 4 хайыл: зарядкæ, сфæлдыстад, ахуыр æмæ кæсын сæ ахуыр кæнынц хицæнæй. Æппæт архайд дæр цæуы хъазты хуызы.

 — Куы гауызыл хъазынц, куы кафгæ кæнынц. Иу саби фылдæр уарзы хъазæнтæ,  иннæ ныв кæнын. Уæдæ дамгъæтæ фыссын дæр зонынц.

Ис рагагъоммæйы рæзтимӕ баст  курсытӕ – 5-æй авд азы онг сабиты ахуыртæ. Программæ у авторон, бакустой йыл педагогтæ сæхæдæг. Уымæй уæлдай, ам скъолайы фæстæ сывæллæттæ сæ хæдзармæ куыст скæнынц æмæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынц.

   — Алы сабимæ дæр нæм ис сæрмагонд цæстдард. Ам кæнæм хæдзармæ куыстытæ. Бæлвырддæр та математикæ, уырыссаг æвзаг, æмæ ма нын рæстæг куы вæййы, уæд литературон кæсынад æмæ алфæмбылайы дуне. Сывæллæтты ‘хсæн ис  хæлар ахастдзинæдтæ. Ахуырдзаутæ æппынæдзух иумæ хъазынц, ныхас кæнынц. Ам сæ зæрдæмæ тынг цæуы.

Æмæ фæсивæды райдзаст мидбылхудт уымæн у æвдисæн. Бæрæг у, æрмæст сæ уроктæ скæнынмæ кæй не ‘рбацæуынц. Ам сын ис хæлæрттæ. Уый ныййарджытæн дæр æхсызгон у.

Уæдæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм дæр цæттæ кæнынц. Æдæппæтæй бæстыхайы ис 3 уæладзыджы, алкæцыйы дæр алыхуызон къордтæ. Афтæ дзы æнцонвадат уавæрты æрбынат кодтой 200-йы бæрц ахуыргæнинаджы. Скъола “Альтернатива” хуымæтæджы не схуыдтой. Ам алы сывæллон дæр зæрдæмӕдзæугæ зонад, кæнæ спортивон секци æнæмæнг ссары.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Все рекомендуемое