preloader
сейчас в эфире
00:09
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
00:20
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ (ПОВТОР) 12+
01:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
close

Уникалон операци скодтой Цæгат Ирыстоны

28.08.2023 13:21

Æмбал кæмæн нæй, ахæм зын операцитæ ацы ран кæндзысты дарддæр дæр. Ног, раззагдæр технологиты руаджы, нæ республикæйы парахат кæнынц медицинон гæнæнтæ. Сæйраг нысан у, цæмæй ахæм æвæджиауы операцитæ диссагыл нымад мауал уой.

Уникалон операци скодтой Цæгат Ирыстоны. Беслæны медицинон центры дохтыр Дахир Абуков æнæ лыгæй бацархайдта пациенты астæуыстæджы хъæндзинад аиуварс кæныныл. Сылгоймаджы тыхсын кодтой тыхджын рыстытæ, зын ын уыдис йæ къахыл лæууын дæр. Ныр йе ‘нæниздзинады уавæр зынгæ фæхуыздæр. Фæкъаддæр сты йæ рысытæ. Эндоскопийæйы тыххæй бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.


Хиругтæ иууылдæр нымдзаст сты экранмæ. Чысыл камерæйы руаджы уынынц сæ алы змæлд дæр. Рынчынæн хъыгдард у йæ астæуыстæг. Низæн йæ бон у нуæрттæ нылхынцъ кæнын, адæймагæн йæ бон цæуын дæр нал вæййы. Диссаг та куыд нæ у, фæлæ ацы операцийы рæстæг адæймаджы лыг кæнын нæ бахъуыд, æрмæст буар дыууæ раны фæхуынкъ кæнынц. Æмбал кæмæн нæй, ахæм операци нæ республикæйы кæнынц Беслæны медицинон центры. Операцион стъолы уæлхъус – нейрохирургтæ Дзебойты Салам æмæ Дахир Абуков.

Дахир Абуков:

Мах ахæм операцитæ куы нæ кæниккам, уæд пациенты хъæуид акъæрт кæнын, Здухæгтæй спайда кæнын, Диск иууылдæр айсын, йæ бæсты йын имплант сæвæрын. Ома, ахæм операцийы хъæдгæмттæ фылдæр вæййы. Мах методикæйы фæрцы та æнæ лыгтæй нуæрттæ ралхынцъ кæнæм, уæдæ хæцъæфтæ æмæ æргъиутæ дæр нæ бахъыгдарæм.

Фæлтæрдджын специалист каст фæцис Кировы номыл æфсæддон-медицинон академи, Петербургы Паддзахадон университеты бындурыл уыдис интернатурæйы. Дахир Абуков ног методикæтæ базонынæн æрзылд æгас Европæйыл. Æмбал кæмæн нæй, ахæм технологийыл фæхæст Корейы. 2019 азы дзы æрыгон хирург Уæрæсейы фыццаг хатт спайда кодта. Ахæм операцийы фæстæ пациент йæ къæхтыл слæууы цалдæр сахаты фæстæ, дыууæ-æртæ боны фæстæ та райдайы цæуын. Цыбыр рæстæгмæ раздæхы йе `рвылбоны цардмæ.

Дахир Абуков:

Нейрохирургийæ рæдыдтытæ нæ хатыр кæны. Ацы фæндагыл лæуд чи у, уыдон сæ куыстмæ хъуамæ бæрнон цæстæй кæсой. Алы лыстæг хабар дæр цы фæстиуджытæм расайдзæн, ууыл хъуамæ хъуыды кæной. Нæхиуыл бæстонæй кусæм. Нæ гæнæнтæ фылдæр кæнынц. Астæуыхъæды низтæ дзæбæх кæнæм. Ацы технологийæ нæ ныридæгæн фæрсынц æндæр горæтты дохтыртæ дæр. Афтæ мæм кæсы, æмæ операцийы технологийæ йæ гæнæнтæ æмæ йæ аслам хæрдзты тыххæй пайда кæнын райдайдзысты бирæ медицинон центрты.

Ахæм операцитæ Цæгат Кавказы ничи кæны. Рынчыны фæхъæуы æндæр горæттæм цæуын. Беслæны медицинон центры ахæм хуызы æххуыс парахат нырма нæу, фæлæ архайынц операциты нымæц фæфылдæр кæнынл.

Салам Дзебоев:

Ацы дохтыримæ Цæгат Кавказы федералон зылды медицинон сæрмагонд конференцийы рæстæг базонгæ стæм. Методикæ нæ дыууæйы зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ дзы иумæйагæй пайда кæнын райдыдтам. Фæнды нæ дарддæр дæр йæ райрæзтыл кусын. Раст куы зæгъон, уæд центры разамынды, нæ хайады хицауы руаджы нæ къухы `фты æнтыстдзинæдтæ. Ацы методикæйы кой куы скодтон, уæд нæ сæйраг дохтыр мæ фарсмæ æрбаллæуыд. Мемæ сразы ис. Фæнды мæ, цæмæй ахæм операцитæ ам бынаты кæнæм, цæмæй адæмы æндæр горæттæм цæуын мауал хъæуа.

Виктория Рубене фыццаг у, Цæгат Ирыстоны ног хуызы операци кæмæн скодтой, ахæм. Сылгоймагæн æхсæз азы рыстысты йæ фæсонтæ. Æмæ кæд раздæр ацы методикæйы тыххæй нæ зыдта, уæддæр нæ фæтарст. Баууæндыд дохтыртыл. Дыккаг бон æй куы бафарстой “цы дæ риссы?”, зæгъгæ, уæд мидбылхудгæйæ, дзуапп радта “ницы”.

Виктория Рубене:

Мæ операци æнцонæй ацыд. Мæ фæсонтæ рыстысты æмæ æххуысы фæдыл æрбацыдтæн Дзебойты Саламмæ. Уый мын баххуыс кодта. Сызгъæрин къухтæ йын ис, тынг разыйæ дзы баззадтæн. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын æрбацæугæ дохтырæн дæр.

Лæмбынæг æмæ йæ зонындзинæдтыл æууæндæг хирург Дахир Абуков операцион агъуыстæй рахизы мидбылхудгæ. Хъазæн ныхас кæны рынчынтимæ, дæтты сын амынддзинæдтæ. Сæ зæрдыл сын лæууын кæны, иууылдæр сæ æххæст кæнын кæй хъæуы. Æрмæст уæд фæфидар уыдзæн рынчын операцийы фæстæ.

Алы пациентæн дæр йæ уавæр хицæн кæны. Хирургтæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй операцион агъуысты хъуаммæ цæттæ уай алцæмæ дæр. Фæлæ сын адæймагæн баххуыс кæнын æхсызгон вæййы.

Дахир Абуков:

Хорз бахъуыды кодтон пациенттæй иуы. Афæдзы æмбис уыд уæнгæндзыг. Операци йын скодтам. Махæй цы кæнгæ уыд, уый бакодтам, кæй зæгъын æй хъæуы. Цалдæр мæйы фæстæ нæм рынчыны фырт æрбарвыста видеоæрмæг. Уым йæ фыд цæрдæгæй цæхæрадоны цыдæртæ змæлыд. Тынг æхсызгон нын уыд. Дохтыры ахæм цаутæ разæнгард кæнынц. Нæ тыхтæ фылдæр кæнынц.

Æмбал кæмæн нæй, ахæм зын операцитæ ацы ран кæндзысты дарддæр дæр. Ног, раззагдæр технологиты руаджы, нæ республикæйы парахат кæнынц медицинон гæнæнтæ. Сæйраг нысан у, цæмæй ахæм æвæджиауы операцитæ диссагыл нымад мауал уой.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Ход истории I Скифы
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Все рекомендуемое